Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15–21 июлы

ПСАЛОМТӔ 63–65

15–21 июлы

108 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Де ’нувыд уарзт у цардӕй зынаргъдӕр»

(10 мин.)

Хуыцауимӕ нын цы хӕлардзинад ис, уый цардӕй зынаргъдӕр у (Пс 63:3; w01 1/11 11 ф., 17, 18 абз.).

Йегъовӕ нӕм ӕнувыд уарзт куыд ӕвдисы, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ын йӕ хорздзинӕдты тыххӕй тынгдӕр аргъ кӕндзыстӕм (Пс 63:6; w19.12 28 ф., 4 абз.; w15 15/10 24 ф., 7 абз.).

Йегъовӕ нӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ кадджын кӕнӕм (Пс 63:4, 5; w09 15/7 16 ф., 6 абз.).

БИНОНТЫ АХУЫРЫ РӔСТӔГ АФӔЛВАРУТ: Йегъовӕ уӕ ӕнувыд уарзтӕй кӕй уарзы, уый куыд ӕвдисы, ууыл аныхас кӕнут.

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 64:3. Цы дзурӕм, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарӕм? (w15 15/12 20 ф., 10 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Хӕдзарӕй дӕм ракаст, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры, ахӕм адӕймаг (lmd 3 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Уӕ ныхас фӕци, хорз хабары кой нӕма скодтай, афтӕмӕй (lmd 2 урок, 4 пункт).

6. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Базон, адӕймаджы цавӕр темӕ цымыдис кӕны ӕмӕ йемӕ баныхас кӕн, иннӕ хатт кӕм ӕмӕ кӕд фембӕлдзыстут, ууыл (lmd 1 урок, 5 пункт).

7. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(4 мин.). Равдыст: ijwfq 51. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ногӕй цӕмӕн ӕрбацӕуынц, раздӕр сӕм чи нӕ байхъуыста, уыдонмӕ?» (lmd 4 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

154 зарӕг

8. Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт у ӕгӕрон (Пс 86:15). Искӕй ӕнувыд уарзтӕй чи фӕуарзы, уый йӕ фӕуарзы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, вӕййы йыл ӕнувыд ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр ыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивы. Йегъовӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр уарзы. Фӕлӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзы, уӕлдай зынаргъ ын чи у, уыдоны – йӕ лӕггадгӕнджыты (Пс 33:18; 63:3; Ин 3:16; Хъд 14:17). Йе ’нувыд уарзтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый равдисдзыстӕм, мах дӕр ӕй куы уарзӕм, уӕд. Уый та уымӕй уыдзӕн бӕрӕг, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъӕм, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы куы архайӕм (Мф 28:19; 1Ин 5:3).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинад ӕвдисӕм уацамынды». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Уарзондзинад нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм...

  • фӕллад куы вӕййӕм, уӕд?

  • нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд?

  • ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ аразгӕйӕ?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 79 зарӕг ӕмӕ куывд