Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

22–28 июлы

ПСАЛОМТӔ 66–68

22–28 июлы

7 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕ нын алы бон дӕр нӕ уаргъ хӕссы

(10 мин.)

Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕм хъусы ӕмӕ сын дзуапп ратты (Пс 66:19; w23.05 12 ф., 15 абз.).

Йегъовӕ батыхсы, цардӕфхӕрд чи у, уыдоныл (Пс 68:5; w10-U 1/12 23 ф., 6 абз.; w09-U 1/4 31 ф., 1 абз.).

Йегъовӕ нын алы бон дӕр ӕххуыс кӕны (Пс 68:19; w23.01 19 ф., 17 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: дӕ бон куыд у дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрын?

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 68:18. Рагон израилы «лӕвӕрттӕ-адӕймӕгтӕ» чи уыдысты? (w06 1/6 31 ф., 12 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Ныхас кӕныс, ӕндӕр ӕвзагыл чи дзуры кӕнӕ ӕндӕр культурӕ кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагимӕ (lmd 5 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагимӕ уый размӕ цы буклетыл райдыдтай ныхас кӕнын, ууыл йемӕ дарддӕр аныхас кӕн (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

102 зарӕг

7. Дӕ бон у искӕмӕн йӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнын?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ зындзинӕдтимӕ иунӕгӕй нӕ тох кӕнынц (2Аз 20:15; Пс 127:1). Йегъовӕ нын алкӕддӕр феххуыс кӕны (Ис 41:10). Уый куыд фӕаразы? Йӕ Ныхасы ӕмӕ нын йӕ организацийы уылты разамынд фӕдӕтты (Ис 48:17). Схайджын нӕ кӕны йӕ хъомысджын сыгъдӕг тыхӕй (Лк 11:13). Стӕй ма хоты ӕмӕ ’фсымӕрты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй нӕ бафидар кӕной ӕмӕ нын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй баххуыс кӕной (2Кр 7:6). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у махӕй кӕмӕйфӕнды дӕр спайда кӕнын, цӕмӕй хо кӕнӕ ’фсымӕрӕн йӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕна.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинад ӕвдисӕм ӕмбырды. Ацӕргӕтӕм». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ацӕргӕтӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнай?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинад ӕвдисӕм ӕмбырды. Ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕм». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнай?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинад ӕвдисӕм ӕмбырды. Ӕрцӕуӕггӕгтӕм». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй стыр фӕлварӕнтыл чи сӕмбӕлд, уыдонӕн сӕ уаргъ фӕрогдӕр кӕнай?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 88 зарӕг ӕмӕ куывд