29 июлӕй 4 августмӕ
ПСАЛОМ 69
13 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Йесойы царды хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ рагацау фыст ӕрцыдысты 69 псаломы
(10 мин.)
Йесо адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы кодта, афтӕмӕй дзы се сӕфт уыдтой (Пс 69:4; Ин 15:24, 25; w11 15/8 11 ф., 17 абз.).
Йесо Йегъовӕйы хӕдзарыл уыд тынг ӕнувыд (Пс 69:9; Ин 2:13–17; w10 15/12 8 ф., 7, 8 абз.).
Йесо хъуырдухӕн кодта; радтой йын сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ (Пс 69:20, 21; Мф 27:34; Лк 22:44; Ин 19:34; g95-E 22/10 31 ф., 4 абз.; it-2-U 1277 ф., 5 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: Йегъовӕ Дзуттаг Фыстыты Мессийӕйы тыххӕй пехуымпарӕдтӕ цӕмӕн ныффыссын кодта?
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 69:30, 31. Ацы стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нӕ куывдтытӕ фӕхуыздӕр кӕнӕм? (w99-U 15/1 18 ф., 11 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 69:1–25 (th 2 урок)
4. Фӕразон у. Йесо куыд бакодта?
(7 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис ВИДЕОРОЛИК ӕмӕ хъусджытимӕ иумӕ аныхас кӕнут lmd 8 урокӕй 1, 2 пункттыл.
5. Фӕразон у. Йесойы фӕзм
(8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ (lmd 8 урок, 3–5 пункттӕ; рамкӕ «Ноджыдӕр ма бакӕс»).
134 зарӕг
6. Ӕркӕсинаг фарстатӕ
(5 мин.)
7. Уынаффӕтӕ бинонты ахуырӕн
(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
2009 азы январы ӕмбырды чиныгахуыр баиу кодтой Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолаимӕ ӕмӕ хъусын кӕныны фембӕлдимӕ. Уыцы ивындзинад уый тыххӕй скодтой, цӕмӕй бинонтӕ къуыри иу изӕр рахицӕн кӕной бинонты ахуырӕн. Уыцы ивындзинады тыххӕй бирӕтӕ тынг бузныг сты. Уый сӕ бинонтӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕмӕ кӕрӕдзимӕ ӕввахсдӕр кӕной (Д.з 6:6, 7).
Бинонты хистӕртӕн цавӕр уынаффӕтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бинонты ахуыр уадзгӕйӕ ӕнтыстджын уой?
-
Бинонты ахуыр алы къуыри дӕр уадзут. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уымӕн бӕлвырд бон ӕмӕ рӕстӕг равзарут. Стӕй ма ахъуыды кӕнут, мыййаг уын уыцы бон куы нӕ рауайа бинонты ахуыр ауадзын, уӕд-иу ӕй кӕцы бон уаид ауадзӕн.
-
Дӕхи-иу рагацау бацӕттӕ кӕн. Дӕ бинойнагимӕ-иу бауынаффӕ кӕн, бинонты ахуыры рӕстӕг хуыздӕр цӕуыл уаид аныхас кӕнӕн, стӕй-иу сывӕллӕтты дӕр хатт сӕ хъуыдыйӕ афӕрс. Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй дӕхи бирӕ рӕстӕг цӕттӕ кӕнай, уӕлдайдӕр, кӕд алы къуыри уыцы иу цыдӕртӕ фӕаразут, уӕд.
-
Ныхас-иу кӕнут, алкӕмӕн дӕр чи фӕпайда уыдзӕн, ахӕм ӕрмӕгыл. Сывӕллӕттӕ куыд рӕзынц, афтӕ сӕ бон вӕййы фылдӕр цыдӕртӕ аразын, стӕй сӕ ӕндӕр цыдӕртӕ фӕтыхсын кӕны. Уӕ зӕрдыл дарут: бинонты ахуыры фӕрцы йӕ уырнындзинад алкӕмӕн дӕр хъуамӕ фидар кӕна.
-
Бинонты ахуыр афтӕ уадз, цӕмӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуа. Рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ-иу уӕ бинонты ахуыр ӕрдзы хъӕбысы дӕр ауадзут. Куы афӕлмӕцат, уӕд-иу гыццыл улӕфгӕ дӕр акӕнут. Бинонты ахуыры рӕстӕг хорз вӕййы, сывӕллӕттӕ кӕм рӕдийынц, ууыл аныхас кӕнын, фӕлӕ бинонты ахуыр уый рӕстӕг нӕу, цӕмӕй сӕм хыл кӕнай кӕнӕ сын уайдзӕфтӕ кӕнай.
-
Уӕ бинонты ахуыр алы хатт уыцы иухуызон ма уӕд. Зӕгъӕм, уӕ бон у уӕхи ӕмбырдмӕ бацӕттӕ кӕнын кӕнӕ сайты jw.org искӕцы видеороликмӕ бакӕсын ӕмӕ йыл аныхас кӕнын. Йе та уӕ бон у афӕлварын, уацамынды искӕимӕ куыд ис аныхас кӕнӕн, уый. Кӕд бинонты ахуыр сӕйраджыдӕр уый тыххӕй у, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр темӕйыл иумӕ аныхас кӕнат, уӕддӕр ис иу гыццыл рӕстӕг рахицӕн кӕнӕн, цӕмӕй уӕ алчидӕр йӕхӕдӕг исты раиртаса.
Хъусджыты бафӕрс:
-
Ацы уынаффӕтӕй сымах кӕцытӕй пайда кӕнут?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 13 сӕр, 8–16 абз., рамкӕ 119 ф.