Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

5–11 августы

ПСАЛОМТӔ 70–72

5–11 августы

59 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Хуыцауы хъаруйы тыххӕй «радзур иннӕ фӕлтӕрӕн»

(10 мин.)

Йегъовӕ Давиды хъахъхъӕдта, ӕрыгон куы уыди, уӕд (Пс 71:5; w22.01 6 ф., 15 абз.).

Давид куы базӕронд, уӕд дӕр ын Йегъовӕ ӕххуыс кодта (Пс 71:9; w14 15/3 20, 21 фф., 3, 4 абз.).

Давид-иу ӕрыгӕттӕн дзырдта йӕ царды хабӕрттӕ, ӕмӕ-иу сӕ афтӕмӕй бафидар кодта (Пс 71:17, 18; w14 15/1 23 ф., 4, 5 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйӕн рагӕй чи лӕггад кӕны, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй мӕ кӕй фӕндид нӕ бинонты ахуырмӕ фӕхонын, цӕмӕй нын йӕ царды тыххӕй истытӕ радзура?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 72:8. Йегъовӕ Райдианы 15:18 стихы Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый паддзах Соломоны рӕстӕг куыд сӕххӕст? (it-1-U 686 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 71:1–24 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймаг демӕ быцӕу ныхас кӕнын куы райдайа, уӕд уӕ ныхас хӕларзӕрдӕйӕ фӕу (lmd 4 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Дӕ хӕстӕгимӕ ногӕй ныхас кӕныс, ӕмӕ дызӕрдыг кӕны, Библи ахуыр кӕнын райдайа ӕви нӕ, кӕнӕ та Библийӕ кӕцыдӕр ахуырадимӕ разы нӕу (lmd 8 урок, 4 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Раныхас: ijwfq 49. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ахуырӕдтӕй иуӕй-иутӕ цӕмӕн фӕивтой?» (th 17 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

76 зарӕг

7. Бинонты ахуыры рӕстӕг цы ис саразӕн?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Бинонты ахуыры рӕстӕг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты фӕахуыр кӕнынц, «Йегъовӕ куыд амоны, афтӕ, ӕмӕ сӕ йӕ зондыл фӕаразынц» (Еф 6:4). Ахуыр кӕнын алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, фыдӕбон кӕнын дзы хъӕуы. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, сывӕллӕттӕн уый сӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа, уӕлдайдӕр сӕ Библийӕ фылдӕр цыдӕртӕ базонын куы бафӕнда ӕмӕ рӕстдзинад куы бауарзой, уӕд (Ин 6:27; 1Пт 2:2). Рамкӕйы « Цы ис саразӕн бинонты ахуыры рӕстӕг?» цы хъуыдытӕ ис, уыдон ныййарджытӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй бинонты ахуыр афтӕ уадзой, ӕмӕ сӕ сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ цӕуа ӕмӕ-иу ног истытӕ базоной. Уыцы хъуыдытӕй цалдӕры кой скӕн, ӕмӕ стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Рамкӕйы цы хъуыдытӕ ис, уыдонӕй уӕ кӕцытӕй фӕндид спайда кӕнын?

  • Радзур, бинонты ахуыры рӕстӕг ма ноджыдӕр цы ис саразӕн.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Архайут, цӕмӕй уӕ бинонты ахуыр хъӕздыгдӕр кӕна». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Лӕг ӕмӕ усӕн сывӕллӕттӕ куы нӕ уа, уӕд лӕгӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй бинонты ахуыр йӕ бинойнагӕн циндзинад хӕсса?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 123 зарӕг ӕмӕ куывд