Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

8–14 июлы

ПСАЛОМТӔ 60–62

8–14 июлы

2 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны ӕмӕ нын йемӕ у ӕдас

(10 мин.)

Йегъовӕ у нӕ фидар мӕсыг (Пс 61:3; it-1-U 178 ф., 11 абз.).

Йегъовӕ нӕ суазӕг кӕны йӕ цатыры (Пс 61:4; it-2-U 1228 ф., 6 абз.).

Йегъовӕ у нӕ къӕдзӕх (Пс 62:2; w02 1/5 10 ф., 14 абз.).


АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйы куы базыдтон ӕмӕ йыл мӕ ныфс дарын куы райдыдтон, уӕд мӕ цард куыд фӕхуыздӕр?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 62:11. Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, «хъару Хуыцаумӕ... ис», зӕгъгӕ? (w06 1/6 32 ф., 9 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаг дын хорзӕй цыдӕр сарӕзта, ӕмӕ йемӕ ныхас кӕнын райдыдтай (lmd 2 урок, 3 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн радзур приложени JW Library-йы® тыххӕй ӕмӕ йын равдис, куыд ӕй ис рафыссӕн (lmd 7 урок, 4 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): w22.02 4, 5 фф., 7–10 абз. Темӕ «Йегъовӕ разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл ӕууӕнд» (th 20 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

12 зарӕг

7. «Хуыцауы уарзтӕй нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн»

(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Йегъовӕ ӕфсымӕр Ньирендӕйӕн фӕлварӕнты рӕстӕг куыд ӕххуыс кодта?

8. «Йегъовӕйы ӕмбал су. Цы аразын дӕ хъӕуы, цӕмӕй донаргъуыд райсай?»

(5 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК. Уый фӕстӕ сценӕмӕ фӕхон, рагацау кӕимӕ баныхас кодтай, цалдӕр ахӕм сывӕллоны (кӕд гӕнӕн уа, уӕд) ӕмӕ сӕ бафӕрс: донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уый цы кары ис, уымӕй ахсджиагдӕр цы у? Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй донаргъуыд райсай?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 63 зарӕг ӕмӕ куывд