Цӕмӕй-иу гутонвӕд зылын-мылын ма рауадаид, уый тыххӕй-иу хуымгӕнӕг хъуамӕ фӕстӕмӕ ма кастаид. Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уый дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уа, цӕмӕй, дунейы цы ныууагъта, уыдӕттӕм фӕстӕмӕ ма аздӕха (Фп 3:13).
Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд, гӕнӕн ис, хъуыды кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ, раздӕр (чи зоны, рӕстдзинад куы нӕма зыдтам, уӕд) цард бирӕ хуыздӕр уыди. Хатт нӕ нӕ раздӕры зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц ӕмӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, хорзӕй цы уыд, ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ нӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма уӕд амондджындӕр уыдыстӕм. Израилӕгтӕм дӕр афтӕ каст, Египетӕй куы рацыдысты, уӕд (Нм 11:5, 6). Ахӕм хъуыдытӕ нӕм куы уа, уӕд нӕ, чи зоны, нӕ раздӕры цардмӕ раздӕхын бафӕнда. Хуыздӕр уаид, куы хъуыды кӕниккам, ныридӕгӕн цы арфӕдзинӕдтӕй хайджын стӕм, стӕй нӕм Хуыцауы Паддзахады дӕлбар цы диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл! (2Кр 4:16–18).