Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕнтыстджын уой

Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй ӕнтыстджын уой

Чырыстон ныййарджыты фӕфӕнды, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной. Ныййарджытӕ сын баххуыс кӕндзысты, сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ сын Библийы ахуырӕдтӕ куы амоной, уӕд (Д.з 6:7; Ӕм 22:6). Уый тыххӕй сӕ хъӕуы удуӕлдайдзинад. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (3Ин 4).

Ныййарджытӕн Иосиф ӕмӕ Марийӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты сты фӕзминаг. Уыдон-иу «алы аз дӕр цыдысты Иерусалиммӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ», кӕд-иу сӕ уый тыххӕй бирӕ бафыдӕбон кӕнын хъуыд ӕмӕ-иу хӕрдзтӕ дӕр скодтой, уӕддӕр (Лк 2:41). Уӕдӕ бӕрӕг у, Иосиф ӕмӕ Марийӕ тынг ахсджиагыл кӕй нымадтой, цӕмӕй сӕ бинонтӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кодтаиккой. Абон дӕр ныййарджытӕн сӕ бон у сӕ цоты раст фӕндагыл аразын, алы фадатӕй дӕр куы пайда кӕной, цӕмӕй сын ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр фӕзминаг уой, уӕд (Пс 127:3–5).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «АЛЫ ФАДАТӔЙ ДӔР ПАЙДА КОДТОЙ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Джон ӕмӕ Шэрон Шиллертӕн сӕ цот хъомыл кӕнгӕйӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй уыд, уый цӕмӕй у бӕрӕг?

  • Алы сывӕллоны дӕр цы тыхсын кӕны ӕмӕ йын цавӕр удыхъӕд ис, уымӕ ныййарджытӕ сӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ дарой ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ ахуыр кӕной ӕмӕ сын зонд цӕмӕн хъуамӕ амоной?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууой, сӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд?

  • Йегъовӕйы организаци нын цы кусӕнгӕрзтӕ дӕтты, уыдонӕй кӕцытӕй пайда кӕныс, цӕмӕй дӕ сывӕллӕттӕн баххуыс кӕнай, ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмбӕлттӕ суой?

Уӕ бинонтӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ӕппӕты сӕйрагдӕр уӕд