Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Чырыстийы къахвӕдтыл цӕут

Чырыстийы къахвӕдтыл цӕут

Хъуамӕ Йесойы алкӕддӕр фӕзмӕм, уӕлдайдӕр та зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм кӕнӕ нӕ фӕдыл куы зилой, уӕд (1Пт 2:21–23). Кӕд-иу Йесойы ӕфхӕрдтой, уӕддӕр-иу сӕ йӕ маст нӕ иста, суанг хъизӕмӕрттӕ куы ’взӕрста, уӕд дӕр (Мч 15:29–32). Фидар фӕлӕууынӕн ын цы баххуыс кодта? Уый йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕйы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕндзӕн (Ин 6:38). Стӕй ма йӕ зӕрдыл дардта, разӕй йӕм «цы циндзинад... ӕнхъӕлмӕ каст, уый» (Дзт 12:2).

Нӕ дины тыххӕй нӕ куы фефхӕрынц, уӕд нӕхи куыд фӕдарӕм? Ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй никӕмӕн фидынц (Ро 12:14, 17). Зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ Йесойы куы фӕзмӕм, уӕд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый уыдзӕн цины хос (Мф 5:10–12; 1Пт 4:12–14).

БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР У ЙЕГЪОВӔЙЫ НОМ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТУТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Хо Гертруд Пётцингер ахӕстоны камерӕйы иунӕгӕй куы бадт, уӕд йӕ рӕстӕгӕй ӕмбаргӕйӕ куыд пайда кодта?

  • Ӕфсымӕр ӕмӕ хо Пётцингер алыхуызон концлагерты цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрстой?

  • Фидар фӕлӕууынӕн сын цы баххуыс кодта?

Зындзинӕдтӕ ’взаргӕйӕ Чырыстийы къахвӕдтыл цӕут