Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн?

Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн?

Цалынмӕ уынаффӕ нӕ рахӕссӕм, уӕлдай нӕу, ахсджиаг у ӕви нӕ, уӕд цымӕ ахъуыды кӕнӕм: «Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракӕсдзӕн?» Кӕд адӕймаг Йегъовӕйы хъуыдытӕ кӕронмӕ никуы бамбардзӕн, уӕддӕр нын йӕ Ныхасы фӕрцы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй цӕттӕ уӕм «алы хорз хъуыддагмӕ» (2Тм 3:16, 17; Ро 11:33, 34). Йесо хорз зыдта, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый ӕмӕ йын царды йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй ахсджиагдӕр ницы уыд (Ин 4:34). Махӕн дӕр Йесойау нӕ бон у ӕппӕт хъарутӕй архайын, цӕмӕй-иу рахӕссӕм, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи фӕцӕудзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ (Ин 8:28, 29; Еф 5:15–17).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДОН ЦӔЙ МИДӔГ ИС, УЫЙ-ИУ БАМБАРУТ (ЛЕВ. 19:18)» ӔМӔ УЫЙ ФӔСТӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ цард Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕмӕн хъуамӕ аразӕм?

  • Цавӕр музыкӕмӕ ӕмӕ зарджытӕм хъусдзыстӕм, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

  • Нӕ конд ӕмӕ нӕ уынд цавӕр хъуамӕ уой, уый аскъуыддзаг кӕнынӕн нын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?

  • Библийы уагӕвӕрдтӕ ма нын цавӕр ӕндӕр хъуыддӕгты баххуыс кӕндзысты?

  • Нӕ бон куыд у архайын, цӕмӕй хуыздӕр ӕмбарӕм, Йегъовӕ алыхуызон хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый?

Цы уынаффӕтӕ рахӕссын, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ ме ’ввахс ӕмбал кӕй у?