Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ у

Ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ цӕмӕн хъуамӕ уӕм? Уымӕн ӕмӕ, цавӕр киномӕ бакӕсӕм, цавӕр музыкӕмӕ байхъусӕм, цавӕр сайтмӕ бацӕуӕм, цавӕр чиныг бакӕсӕм, цавӕр видеохъазтӕй ахъазӕм, уый куы февзарӕм, уӕд равзарӕм, нӕ зонд цӕмӕй дзаг кӕндзыстӕм, уый. Цы равзарӕм, уый нӕ хъуыддӕгтыл бандавы. Хъыгагӕн, абон цы ирхӕфсӕнтӕ ис, уыдонӕн сӕ фылдӕры вӕййы, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Пс 11:5; Га 5:19–21). Уымӕ гӕсгӕ нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм хъуыддӕгтыл (Фп 4:8).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЦАВӔР ИРХӔФСӔНТӔ ХЪУАМӔ ӔВЗАРОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Абон иуӕй-иу ирхӕфсӕнтӕ рагон ромаг гладиаторты хъӕзтыты хуызӕн цӕмӕй сты?

  • Ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн сӕ бон куыд у ӕрыгӕттӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уой?

  • Ирхӕфсӕнтӕ ’взаргӕйӕ нын Ромӕгтӕм 12:9 стих куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Кӕм цӕрыс, уым цавӕр хорз ирхӕфсӕнтӕ ис?