Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | ГАЛАТӔГТӔМ 4–6

«Фӕсномыг хъуыды» кӕмӕн ис, уыцы хабӕрттӕй цы ис базонӕн?

«Фӕсномыг хъуыды» кӕмӕн ис, уыцы хабӕрттӕй цы ис базонӕн?

4:24–31

Апостол Павел, «фӕсномыг хъуыды» кӕмӕн ис, уыцы хабӕрттӕ радзырдта, цӕмӕй равдыстаид, ног бадзырд Моисейы закъонимӕ баст бадзырдӕй бирӕ хуыздӕр кӕй у. Чырысти ӕмӕ йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон зӕххӕн разамынд куы дӕттой, уӕд адӕм иууылдӕр ссӕрибар уыдзысты тӕригъӕд, ӕнӕххӕстдзинад ӕмӕ мӕлӕтӕй (Ис 25:8, 9).

 

ЦАГЪАР-СЫЛГОЙМАГ АГАР

Моисейы закъонимӕ баст бадзырд чи ӕххӕст кодта, уыцы Израилы адӕм. Сӕ сӕйраг горӕт уыд Иерусалим

САРРӔ – СӔРИБАР СЫЛГОЙМАГ

«Уӕларвон Иерусалим» – Хуыцауы организацийы уӕларвон хай

АГАРЫ «СЫВӔЛЛӔТТӔ»

Йесойыл чи нӕ баууӕндыд ӕмӕ йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыцы Израилы адӕм (Йегъовӕйӕн дзырд чи радта, Моисейы закъон ӕххӕст кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ, уыцы адӕм)

САРРӔЙЫ «СЫВӔЛЛӔТТӔ»

Чырысти ӕмӕ 144 000 сӕрст чырыстоны

МОИСЕЙЫ ЗАКЪОНИМӔ БАСТ БАДЗЫРДЫ ЦАГЪАРТӔ

Моисейы закъон Израилы адӕмӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, тӕригъӕды цагъартӕ кӕй сты

НОГ БАДЗЫРД ДӔТТЫ СӔРИБАРДЗИНАД

Чырыстийы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдон ссӕрибар сты, Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ сыл цы ӕлгъыст уыди, уымӕй