Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

6–12 майы

ПСАЛОМТӔ 36, 37

6–12 майы

87 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ма мӕсты кӕн фыдгӕнджытӕм»

(10 мин.)

Фыдгӕнджыты аххосӕй бирӕ мӕстытӕ бавзарӕм (Пс 36:1–4; w17.04 10 ф., 4 абз.).

Фыдгӕнджытӕм нӕ зӕрдӕйы маст куы хӕссӕм, уӕд нӕхицӕн дӕр маст кӕнӕм (Пс 37:1, 7, 8; w22.06 10 ф., 10 абз.).

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн (Пс 37:10, 11; w03 1/12 26 ф., 20 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Ног хабӕртты цы фыдхъуыддӕгты кой фӕцӕуы, уыдонмӕ ӕгӕр бирӕ нӕ фӕхъусын ӕмӕ нӕ фӕкӕсын?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 36:6. Псаломзарӕггӕнӕг Йегъовӕйӕн афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «дӕ рӕстдзинад у де сконд хӕхты хуызӕн»? (it-1-U 505 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 1 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Кӕддӕр Библи ахуыр кӕныныл чи не сразы, ахӕм адӕймагӕн зӕгъ Библи ахуыр кӕныны тыххӕй (lmd 9 урок, 4 пункт).

6. Раныхас

(5 мин.): ijwbv 45. Темӕ «Псалом 37:4 стих куыд ӕмбаргӕ у?» (th 13 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

33 зарӕг

7. «Зын сахатмӕ» цӕттӕ дӕ?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕгас дунейы дӕр ӕрцӕуы ӕрдзон бӕллӕхтӕ. Стӕй адӕмы аххосӕй дӕр цавӕрдӕр бӕллӕхтӕ ӕрцӕуы. Уыдӕттӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн дӕр стыр маст ӕмӕ зиан ӕрхӕссынц (Пс 9:9, 10). Ахӕм хабар, гӕнӕн ис, кӕуылфӕнды дӕр ӕрцӕуа. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи «зын сахатмӕ» бацӕттӕ кӕнӕм.

Рагацау цыдӕртӕ куы ’рцӕттӕ кӕнӕм, уӕд нын уый бӕллӕхы рӕстӕг баххуыс кӕндзӕн a. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай нӕ бон цы у саразын?

  • Дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд бацӕттӕ кӕн. Дӕ зӕрдыл дар, бӕллӕхӕй хызт кӕй ничи у, ӕмӕ ахъуыды кӕн, мыййаг исты, уӕд куыд архайдзынӕ. Дӕ зӕрдӕ дӕ исбоныл баст ма уӕд. Уӕд бӕллӕхы рӕстӕг зондӕй архайдзынӕ ӕмӕ дӕ тыхтӕ уымӕ сараздзынӕ, цӕмӕй дӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр бахъахъхъӕнай (Рд 19:16; Пс 36:9). Уымӕй уӕлдай ма, ӕнӕ ницӕмӕй куы аззайай, уӕд тынг нӕ маст кӕндзынӕ (Пс 37:19).

  • Дӕ уырнындзинад фидар кӕн. Фидарӕй дӕ уырнӕд, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у, ӕмӕ дыл батыхса, стӕй йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны (Пс 37:18). Дӕ зӕрдыл лӕууын кӕн, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн разамынд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ӕнӕ ницӕмӕй куы баззайой, уӕд дӕр (Пс 37:23, 24; Йер 45:5).

Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, уӕд зын сахат уыдзӕн дӕ «фидар мӕсыг» (Пс 37:39).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Бӕллӕхмӕ цӕттӕ дӕ?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕндзӕн?

  • Нӕ бон куыд у нӕхи бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнын?

  • Бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕн нӕ бон куыд у баххуыс кӕнын?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 57 зарӕг ӕмӕ куывд