НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Хуыцау цы баиу кодта, уый...»
Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, йӕ усӕй хицӕн кӕнынвӕнд чи кодта, уыцы нӕлгоймаг-иу хъуамӕ уый фӕдыл гӕххӕтт ныффыстаид. Уый хъуыди, цӕмӕй адӕймаг хицӕн кӕныныл ма фӕтагъд кодтаид. Фӕлӕ Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дины разамонджытӕ афтӕ бакодтой, цӕмӕй-иу адӕймаг йӕ цардӕмбалӕй ӕнцонтӕй ахицӕн уыдаид. Лӕгтӕн гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр сӕ бон уыд сӕ устытӕй хицӕн кӕнын (nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Мч 10:4, 11 стихтӕм). Йесо адӕмӕн сӕ хъус ӕрдардта, бинонты цардӕн бындур Йегъовӕ йӕхӕдӕг кӕй ӕрӕвӕрдта, уымӕ (Мч 10:2–12). Лӕг ӕмӕ ус хъуамӕ цӕрӕнбонтӕм уыдаиккой «иу буар». Ацы хабары тыххӕй ма фыст ис Матфейы чиныджы дӕр, ӕмӕ бӕрӕг у, Фыстадмӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн ахицӕн кӕныны бар кӕй ис, сӕ иумӕ «хӕтыны азым ӕрхӕссӕн» куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд (Мф 19:9).
Абон бирӕтӕ бинонты цардмӕ Чырыстийы цӕстӕй нӕ кӕсынц, фӕлӕ фарисейты цӕстӕй. Зындзинӕдтӕ сын куы фӕзыны, уӕд уайтагъд хицӕн кӕнынмӕ фӕвӕййынц. Фӕлӕ чырыстон бинонтӕ, сӕ цардӕмбалӕн цы дзырд радтой, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц, ӕмӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд фӕархайынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Бакӕс видеороликмӕ «Бинонтӕ кӕрӕдзи куы уарзой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн куы аргъ кӕной, уӕд ӕнгомдӕр уыдзысты» ӕмӕ стӕй дзуапп ратт ацы фарстатӕн:
-
Ӕмбисӕндтӕ 15:1 стихы фыст уагӕвӕрдӕй дӕ бинонты царды дӕ бон куыд у пайда кӕнын, ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?
-
Ӕмбисӕндтӕ 19:11 стих дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи зындзинӕдтӕй хизай?
-
Кӕд дӕ бинонты цард фехӕлынӕввонг у, уӕд, ахицӕн уай ӕви нӕ, ууыл хъуыды кӕныны бӕсты цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнай?
-
Матфейы 7:12 стихы фыст уагӕвӕрд дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр сӕрыхицау кӕнӕ хуыздӕр бинойнаг уай?