Йесо цӕстылуайӕны йӕ хуыз куы аивта, уӕд уӕлӕрвтӕй йӕ Фыды хъӕлӕс райхъуыст. Ахъуыды-ма кӕн, Йесойӕн куыд ӕхсызгон уыдаид, йӕ Фыды зӕрдӕ дзы кӕй рухс кӕны, уый фехъусын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый Йесойӕн йӕ хъарутыл хъару бафтыдтаид, ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыдаид, разӕй йӕм цы хъизӕмӕрттӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдон сфӕразын. Уыцы цӕстылуайӕн Петр, Иаков ӕмӕ Иоанны дӕр тынг бафидар кодта. Йесо ӕцӕгдӕр уыд Мессийӕ, ӕмӕ йӕм кӕй хъуыстой, уымӕй раст кодтой. Уымӕй иу-32 азы куы рацыд, уӕд дӕр Петр уыцы хабар нӕ ферох кодта ӕмӕ уый фӕрцы «пехуымпар-ныхасыл» фидардӕрӕй ӕууӕндыд (2Пт 1:16–19).
Кӕд мах уыцы цӕстылуайӕн нӕ федтам, уӕддӕр уынӕм, куыд ӕххӕст кӕны, уый. Йесо у хъомысджын Паддзах. Тагъд рӕстӕджы уый йе знӕгтыл «фӕуӕлахиз уыдзӕн», ӕмӕ нын афтӕмӕй ног дунемӕ дуар байгом кӕндзӕн (Рар 6:2).
Библийы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, уый дын дӕ уырнындзинад куыд фидар кӕны?