Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуой

Уӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуой

Чырыстон ныййарджытӕн уымӕй ӕхсызгондӕр ницы вӕййы, сӕ сывӕллон йӕхи тыххӕй куы нал фӕцӕры, фӕлӕ йӕ хъизӕмӕртты хъӕд куы райсы ӕмӕ ӕппынӕдзух Чырыстийы фӕдыл куы фӕцӕуы (Мч 8:34; 3Ин 4). Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй Чырыстийы фӕдыл цӕуын райдайа, йӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕна ӕмӕ донаргъуыд райса? Сывӕллон ацы ахсджиаг къахдзӕф скӕнынмӕ, ома донаргъуыд райсынмӕ, цӕттӕ кӕй у, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй вӕййы бӕрӕг?

Бакӕс, чиныг «Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци»-йы 165, 166 фӕрстыл цы ӕрмӕг ис, «Чырыстон ныййарджытӕ!», зӕгъгӕ, уый ӕмӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1. Ахуыргӕнинаг схонӕн кӕй ис?

  2. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты цӕуыл хъуамӕ ахуыр кӕной?

  3. Ацы стихтӕм гӕсгӕ куыд ис базонӕн, сывӕллон донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ у ӕви нӕ?