Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1–7 апрелы

ПСАЛОМТӔ 23–25

1–7 апрелы

4 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Йегъовӕ у мӕ Фыййау»

(10 мин.)

Йегъовӕ нӕ кӕны раст фӕндагыл (Пс 23:1–3; w11 1/5 31 ф., 3 абз.).

Йегъовӕ нӕ хъахъхъӕны (Пс 23:4; w11 1/5 31 ф., 4 абз.).

Йегъовӕ нӕ ӕфсады (Пс 23:5; w11 1/5 31 ф., 5 абз.).

Хорз фыййау йӕ дзугыл куыд фӕтыхсы, афтӕ Йегъовӕ дӕр йӕ лӕггадгӕнджытыл тыхсы.

АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕ мӕныл кӕй тыхсы, уый цӕмӕй у бӕрӕг?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 23:3. «Рӕстдзинады фӕндӕгтӕ» цы сты ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу сӕ ма адзӕгъӕл уӕм? (w11 15/2 24 ф., 1–3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Ӕрдзы уавӕр мӕты кӕй ӕфтауы, ахӕм адӕймагӕн бакӕс, ныфс дзы чи бауадздзӕн, ахӕм стих (lmd 2 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Брошюрӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!» кӕмӕн радтай, ахӕм адӕймагӕн равдис, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (lmd 9 урок, 3 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

54 зарӕг

7. Мах ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсмӕ нӕ хъусӕм

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕс хорз фӕзонынц ӕмӕ йӕ фӕдыл фӕцӕуынц. Фӕлӕ кӕй нӕ зонынц, ахӕм адӕймаджы хъӕлӕс куы фехъусынц, уӕд уымӕй та алидзынц (Ин 10:5). Махӕн нӕ фыййӕуттӕ, Йегъовӕ ӕмӕ Йесо, сты уарзӕгой ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг ӕмӕ сын сӕ хъӕлӕсмӕ хъусӕм (Пс 23:1; Ин 10:11). Фӕлӕ нын нӕ уырнындзинад «зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй» ӕрлӕмӕгъ кӕнынмӕ чи хъавы, уыцы ӕцӕгӕлӕтты хъӕлӕсмӕ та нӕ хъусӕм (2Пт 2:1, 3).

Райдианы 3 сӕры фыст ис, Хӕйрӕг Евӕимӕ кӕй дзырдта калмы уылты, цӕмӕй, чи у, уый ма базыдтаид. Уӕд адӕм фыццаг хатт фехъуыстой «ӕцӕгӕлоны» хъӕлӕс. Хӕйрӕг Евӕимӕ афтӕ ныхас кодта, цыма йӕ хорзыл тыхст. Ӕцӕгӕй та Йегъовӕйы ныхӕстӕ сзыгъуыммӕ кодта ӕмӕ сдызӕрдыггаг кодта, Йегъовӕйы зӕрды сын хорз цыдӕр кӕй уыд, уый.

Абон Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй нӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ организацийы тыххӕй дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзына. Уый куыд аразы? Зӕгъӕм, мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, организацийыл цъыф калы ӕмӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ сзыгъуыммӕ кӕны. Ахӕм ныхӕстӕ куы фехъусӕм, уӕд-иу хъуамӕ «алидзӕм»! «Ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕсмӕ» иу гыццыл байхъусын дӕр у тынг тӕссаг. Хӕйрӕджы бирӕ дзурын нӕ бахъуыд, цӕмӕй Евӕйы асайдтаид (Рд 3:1, 4, 5). Уӕдӕ куыд бакӕндзынӕ, дӕ хиуӕттӕй кӕнӕ дын дӕ зонгӕтӕй исчи йӕ хорз зӕрдӕйӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй исты мӕнг хабӕрттӕ куы дзура, уӕд?

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Ма хъус „ӕцӕгӕлӕттӕн сӕ хъӕлӕсмӕ“». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Джейд йӕ мадимӕ йӕхи куыд дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 55 зарӕг ӕмӕ куывд