15–21 апрелы
ПСАЛОМТӔ 29–31
108 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Зондамынд Хуыцауы уарзтыл дзурӕг у
(10 мин.)
Давид Йегъовӕйы коммӕ нӕ бакаст ӕмӕ дзы Йегъовӕ йӕ цӕсгом бамбӕхста (Пс 30:7; it-1-U 1274 ф., 11 абз.).
Давид ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ Йегъовӕйӕ йӕ хорзӕх куырдта (Пс 30:8).
Йегъовӕ Давидмӕ нал мӕсты кодта (Пс 30:5; w07-U 1/3 19 ф., 1 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: адӕймаджы ӕмбырдӕй кӕй ацух кӕнынц, уый йын цы пайда ӕрхӕссы ӕмӕ кӕй ӕрфӕсмон кодта, уый йӕ бон куыд вӕййы равдисын? (w21.10 6 ф., 18 абз.)
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Пс 31:23. Ацы стихы сӕрбӕрзонд адӕмы тыххӕй цы ис фыст ӕмӕ уый куыд ӕмбаргӕ у? (w06 1/6 9 ф., 12 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 31:1–24 (th 10 урок)
4. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(1 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Цыбыртӕй аныхас кӕн, афтӕ дын чи загъта, нӕ мӕ вдӕлы, зӕгъгӕ, ахӕм адӕймагимӕ (lmd 5 урок, 3 пункт).
5. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Сывӕллон кӕмӕн ис, ахӕм сылгоймагӕн нӕ мультфильмтӕй искӕцы равдис ӕмӕ йын бацамон, ахӕм видеороликтӕ кӕм ис ссарӕн, уый (lmd 3 урок, 3 пункт).
6. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Кӕддӕр Библи ахуыр кӕныныл чи не сразы, ахӕм адӕймагӕн зӕгъ, дӕ бон кӕй у йемӕ Библи ахуыр кӕнын (lmd 8 урок, 3 пункт).
7. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
(4 мин.): lff 14 урок, 5 пункт (th 6 урок).
45 зарӕг
8. «Цӕмӕн нӕ уырны... Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый?»
(7 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
Ацы хабарӕй Хуыцауы уарзты тыххӕй цы ис базонӕн?
9. «Ног хабӕрттӕ проектты ӕмӕ арӕзтады бынӕттон хайадӕй (2024 аз)»
(8 мин.). Раныхас. Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК.
10. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 8 сӕр, 13–21 абз.