Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

29 апрелӕй 5 маймӕ

ПСАЛОМТӔ 34, 35

29 апрелӕй 5 маймӕ

10 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Ӕз алкӕддӕр арфӕ кӕндзынӕн Йегъовӕйӕн»

(10 мин.)

Давид зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр Йегъовӕйы кадджын кодта (Пс 34:1; w07 1/3 24 ф., 11 абз.).

Давид йӕхицӕй не ’ппӕлыд, фӕлӕ Йегъовӕйы кадджын кодта (Пс 34:2–4; w07 1/3 25 ф., 13 абз.).

Давид Йегъовӕйы кӕй кадджын кодта, уый фӕрцы-иу йе ’мбӕлттӕ бафидар сты (Пс 34:5; w07 1/3 26 ф., 15 абз.).

Давид Анхусӕй (Авимелехӕй) куы ацыд, уӕд ӕм ӕдзӕрӕг быдыры ӕрбаиу 400 адӕймаджы. Алчидӕр сӕ паддзах Саулмӕ уыди мӕсты (1 Сам. 22:1, 2). Давид 34 псалом куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы адӕмыл хъуыды кодта (Пс 34, разныхас).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Иннӕ хатт ӕмбырды искӕимӕ ныхас кӕнгӕйӕ мӕ бон куыд уаид Йегъовӕйы скадджын кӕнын?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 35:19. Давид Йегъовӕйӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «ма бауадз, цӕмӕй... мӕ йе сӕфт чи уыны, уыдон кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулой», уый цы нысан кӕны? (w06 1/6 10 ф., 1 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

(4 мин.): Пс 34:1–22 (th 5 урок)

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайӕн куыд ис?

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Уӕ ныхас фӕци, хорз хабары кой нӕма скодтай, афтӕмӕй (lmd 1 урок, 4 пункт).

5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД (lmd 2 урок, 4 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Равдыст: ijwfq 59. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кӕнынц, цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзысты ӕви нӕ?» (th 17 урок).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

59 зарӕг

7. Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм ӕмбырды

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕмбырды нын вӕййы хорз фадат Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Уый нӕ бон вӕййы аразын ӕртӕ хъуыддаджы фӕрцы.

Иннӕтимӕ-иу аныхӕстӕ кӕн. Йегъовӕйӕ бирӕ хорздзинӕдтӕ зонӕм, ӕмӕ-иу уыдӕтты тыххӕй дзур (Пс 145:1, 7). Чи зоны, фехъуыстай кӕнӕ бакастӕ, чи дын фӕпайда, ахӕм хъуыды йе та дыл уацамынды цымыдисаг хабар ӕрцыд. Гӕнӕн ис, чидӕр ахӕм цыдӕр загъта кӕнӕ сарӕзта, ӕмӕ дӕ уый тынг бафидар кодта. Йе та, чи зоны, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттӕй дӕ цыдӕр дисы бафтыдта (Иак 1:17). Ӕмбырдмӕ-иу раздӕр ӕрбацу, цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ аныхӕстӕ кӕнай.

Дзуаппытӕ-иу дӕтт. Бацархай, цӕмӕй-иу алы ӕмбырды дӕр ӕппынкъаддӕр иу дзуапп раттай (Пс 26:12). Дӕ бон у фарстайӕн комкоммӕ дзуапп раттын, абзацӕй ӕндӕр хъуыды зӕгъын, стихы кӕнӕ нывы тыххӕй исты зӕгъын йе та, абзацы дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ гӕсгӕ куыд ис архайӕн, уый зӕгъын. Цалдӕр дзуаппы-иу бацӕттӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ къухтыл бирӕтӕ схӕцынц. Нӕ дзуаппытӕ 30 секунды кӕнӕ уымӕй къаддӕр куы уой, уӕд фылдӕр адӕмӕн уыдзӕн сӕ бон Хуыцауӕн «кады нывонд» хӕссын (Дзт 13:15).

Зарджытӕ-иу зар. Паддзахады зарджытӕ-иу зӕрдиагӕй зар (Пс 147:1). Ӕмбырды дӕ дзуапп раттын куы фӕнда, уӕд дӕ, гӕнӕн ис, иу хатт дӕр ма бафӕрсой, уӕлдайдӕр кӕд стыр ӕмбырды лӕггад кӕныс, уӕд. Фӕлӕ зарын та дӕ бон алкӕддӕр у. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дын зарын хорз нӕ уайы, уӕддӕр дӕ рох ма уӕд: зӕрдиагӕй куы фӕзарыс, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕныс (2Кр 8:12). Дӕхи ӕмбырдмӕ куы фӕцӕттӕ кӕныс, уӕд-иу нӕ зӕрджытӕ дӕр азар.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Нӕ организаци ӕдзух цӕуы размӕ. Нӕ зарджытӕ – зынаргъ лӕвар. 1 хай». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

Нӕ организацийы историйӕ куыд зыны, Йегъовӕйы кадӕн зарын ахсджиагыл кӕй нымайӕм?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 2024 азы регионалон конгрессы ног зарӕг ӕмӕ куывд