8–14 апрелы
ПСАЛОМТӔ 26–28
34 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Давидӕн йӕ фидар фӕнд уыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид
(10 мин.)
Давид Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын хуыздӕрырдӕм ивынӕн ӕххуыс кодтаид (Пс 26:1, 2; w04 1/12 23, 24 фф., 8, 9 абз.).
Давид йӕхи хызта ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй (Пс 26:4, 5; w04 1/12 25 ф., 12, 13 абз.).
Давид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын тынг уарзта (Пс 26:8; w04 1/12 26 ф., 17, 18 абз.).
Кӕд-иу Давид хатт фӕрӕдыд, уӕддӕр Йегъовӕйыл уыд иузӕрдион (1Пд 9:4). Йегъовӕйы уарзта ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кодта. Ӕмӕ йӕ иннӕтӕ дӕр уыдтой, ӕнувыд ыл кӕй у.
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 27:10. Зынаргъ нын чи у, уыдонӕй нӕ исчи куы ныууадза, уӕд нын ацы стих удӕнцойы хос куыд фӕуыдзӕн? (w06 1/8 18 ф., 15 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 27:1–14 (th 2 урок)
4. Ныхас райдайӕн куыд ис?
(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Нӕ лӕггадӕн нӕм цы сӕйраг кусӕнгӕрзтӕ ис, уыдонӕй буклет равзар ӕмӕ дзы спайда кӕн (th 3 урок).
5. Адӕймаджы-иу ногӕй бабӕрӕг кӕн
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагимӕ аныхас кӕн, уый размӕ йын кӕй ныууагътай, уыцы буклеты фӕстаг фарсыл цы фарста ис, ууыл. Равдис ын сайт jw.org ӕмӕ йын бацамон, куыд дзы ис ссарӕн, чи йӕ цымыдис кӕны, ахӕм информаци (lmd 9 урок, 3 пункт).
6. Раныхас
(5 мин.): lmd уӕлӕмхасӕн А, 3 пункт. Темӕ «Зӕхх ничиуал чъизи кӕндзӕн ӕмӕ дзӕнӕт суыдзӕн» (th 13 урок).
128 зарӕг
7. Хӕрзӕгъдау цард чи кӕны, уыцы ӕрыгӕттӕ
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Ӕрыгон чырыстӕтты хъӕуы сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизын. Ӕнӕххӕст кӕй сты ӕмӕ сӕ «буары монцтӕ» тыхджын кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сын зын вӕййы раст уынаффӕтӕ хӕссын (Ро 7:21; 1Кр 7:36). Стӕй сын, гӕнӕн ис, иннӕтӕ ӕдзух дзурой, цӕмӕй-иу искӕимӕ ӕмуат ӕрцӕуой. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ арахйой, цӕмӕй сӕхи ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй хизой, уыимӕ гомосексуализмӕй дӕр (Еф 2:2). Мах тынг сӕрыстыр стӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыцы ӕрыгӕттӕй.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Ӕз дӕн ӕрыгон: хъӕуы мӕ ӕххуыс. Ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ мын куы аразын кӕной, уӕд мӕ бон цы у саразын?». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Кори ӕмӕ Кемрин цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?
-
Цы сын баххуыс кодта, цӕмӕй ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй сӕхи хызтаиккой?
-
Ахӕм уавӕры дын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 8 сӕр, 5–12 абз.