17–23 мартъийы
ӔМБИСӔНДТӔ 5
122 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Дӕхи хиз ӕнӕгъдаудзинадӕй
(10 мин.)
Адӕймаг, гӕнӕн ис, ӕнӕгъдау цӕмӕдӕр сцыбӕл уа (Ӕм 5:3; w00-U 15/7 29 ф., 1 абз.).
Ӕнӕгъдаудзинад адӕймагӕн маст бавзарын кӕны ӕмӕ фӕсмойнаг фӕвӕййы (Ӕм 5:4, 5; w00-U 15/7 29 ф., 2 абз.).
Дӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хиз (Ӕм 5:8; w00-U 15/7 29 ф., 5 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Ӕм 5:9. Адӕймаг ӕнӕгъдау хъуыддаг куы саразы, уӕд йӕ кад иннӕтӕн куыд ратты? (w00-U 15/7 29 ф., 7 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
4. Ныхас райдайын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Чырыстон диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймаджы Ӕрымысӕн изӕрмӕ фӕхон ӕмӕ сайты jw.org бацагур, кӕм цӕры, уырдӕм хӕстӕг Ӕрымысӕн изӕр кӕм бӕрӕг кӕндзысты, уый (lmd 6 урок, 4 пункт).
5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн уый размӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ хуынды гӕххӕтт радтай ӕмӕ йӕ бафӕндыд фылдӕр базонын (lmd 9 урок, 5 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.) lff 16 урок, рубрикӕтӕ «Цы базыдтай», «Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн», «Дӕ нысан». Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый дӕ бафарста, Йесойӕн бинойнаг уыд ӕви нӕ, зӕгъгӕ. Равдис ын, йӕ бон куыд у йӕ фарстайӕн дзуапп ссарын (lmd 11 урок, 4 пункт).
121 зарӕг
7. Искӕимӕ куы ’мбӕлай, уӕд-иу уе ’фсарм ма фӕчъизи кӕнут
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Кӕд вӕййы зӕгъӕн, ӕмӕ нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг ӕмбӕлынц? Кӕрӕдзийы зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуынц ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ куы фервитынц, уӕд. Сӕ бон вӕййы ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕ фембӕлын кӕнӕ ма-иу семӕ искӕй ракӕнын. Ӕмбӕлгӕ кӕй кӕнынц, уый сӕ бон у иннӕтӕн зӕгъын кӕнӕ та йӕ сусӕг кӕнын. Ӕмбӕлгӕ фӕкӕнынц, иумӕ куы вӕййынц, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ телефонӕй куы фӕныхӕстӕ кӕнынц ӕмӕ кӕрӕдзимӕ куы фӕфыссынц, уӕд дӕр. Мах ӕмбӕлын цавӕрдӕр ирхӕфсӕныл нӕ нымайӕм. Уый у, бинонтӕ скӕныны размӕ цы ахсджиаг къахдзӕф фӕхъӕуы саразын, уый. Ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыдон ӕрыгон уой ӕви нӕ, уӕддӕр сын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй бахизой? (Ӕм 22:3).
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Бинонты цардмӕ цӕттӕ кӕнын (1 хай). Искӕимӕ ӕмбӕлын райдайынмӕ цӕттӕ дӕн?» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Кӕд адӕймаг бинонтӕ скӕнынмӕ цӕттӕ нӕу, уӕд искӕимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ ӕмбӕла? (Ӕм 13:12; Лк 14:28–30).
-
Ныййарджытӕ сӕ чызгӕн куыд баххуыс кодтой, уый дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн фӕцыд?
Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 28:26. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыдонӕн сӕ бон цы у саразын, цӕмӕй сӕхи бахизой, ӕнӕгъдаудзинад саразынӕй сын тӕссаг кӕм уыдзӕн, ахӕм уавӕртӕй?
-
Раст цӕмӕн уыдзӕн, ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыдон куы аныхас кӕниккой, зӕгъӕм, кӕрӕдзийы къухтыл хӕцдзысты ӕмӕ пъатӕ кӕндзысты ӕви нӕ, ууыл?
Бакӕсут Ефесӕгтӕм 5:3, 4. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Ӕмбӕлгӕ чи кӕны, уыдон телефонӕй кӕнӕ интернеты ныхас кӕнгӕйӕ сӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарой?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.) bt 24 сӕр, 1–6 абз.