Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 25

«Ма бафынӕй ут»

«Ма бафынӕй ут»

25:1–12

Кӕд Йесо дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхас йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджыты тыххӕй радзырдта, уӕддӕр йӕ сӕйраг хъуыды чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр хауы (bw556 12–16). «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ нӕдӕр уыцы бон зонут, нӕдӕр уыцы сахат» (Мф 25:13). Дӕ бон у Йесойы фӕсномыг ныхас бамбарын кӕнын?

  • Сиахс (1 стих): Йесо Чырысти.

  • Цӕттӕ чи уыд, уыцы зондджын чызджытӕ (2 стих): йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ чи у ӕмӕ суанг кӕронмӕ рухсгӕнӕнтау чи ӕрттивдзӕн, уыцы иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕ (Фп 2:15).

  • «Чидӕр ныхъхъӕр кодта: „Сиахс ӕрбацӕуы!“» (6 стих): Йесо Паддзах кӕй сси, уый бӕлвырдгӕнӕнтӕ.

  • Ӕнӕзонд чызджытӕ (8 стих): сиахсы размӕ чи рацыд, фӕлӕ къӕрцхъус ӕмӕ иузӕрдион чи нӕ разынд, уыцы сӕрст чырыстӕттӕ.

  • Зондджын чызджытӕ сын сӕ сойӕ нӕ радтой (9 стих): иузӕрдион сӕрст чырыстӕттыл фӕстаг мыхуыр ӕвӕрд куы ’рцӕуа, уӕд сӕ бон нал уыдзӕн, иузӕрдионӕй чи нӕ баззад, уыдонӕн баххуыс кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕгмӕ уыдзӕн.

  • «Сиахс ӕрбахӕццӕ» (10 стих): стыр бӕллӕхы кӕронмӕ ’ввахс Йесо тӕрхон скӕнынмӕ ӕрцӕудзӕн.

  • Цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм сиахсимӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд (10 стих): Йесо иузӕрдион сӕрст чырыстӕтты уӕларвмӕ акӕндзӕн. Иузӕрдион чи нӕ разына, уыдон та сӕ уӕларвон хӕрзиуӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзысты.