НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн-иу видеороликтӕ равдис
Цӕстуынгӕ ӕрмӕджы фӕрцы адӕймаг лӕмбынӕг вӕййы ӕмӕ цы базоны, уый хуыздӕр бамбары ӕмӕ йӕ бахъуыды кӕны. Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кодта нӕ Кадджын Зондамонӕг Йегъовӕ, цӕмӕй йӕ адӕмы ахуыр кодтаид (Рд 15:5; Йер 18:1–6). Цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй пайда кодта ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти дӕр (Мф 18:2–6; 22:19–21). Цы цӕстуынгӕ ӕрмӕгӕй фӕпайда кӕнӕм, уыдонӕй фӕстаг азты дӕргъы видеороликтӕ сты стыр пайда. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уыдонӕн видеороликтӕ равдисыс?
Цӕмӕй нын нӕ ахуыргӕнинӕгтӕн Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмбарын кӕнын ӕнцондӕр уа, уый тыххӕй рацыд 10 видеороликы. Видеороликты нӕмттӕм гӕсгӕ бамбарӕн ис, кӕд сӕм ис бакӕсӕн ӕмӕ сыл аныхас кӕнӕн. Уыцы видеороликтӕй уӕлдай ма нӕ кусӕнгӕрзты ’хсӕн ис бирӕ ӕндӕр хорз видеороликтӕ дӕр.
Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уый Библийӕ цавӕрдӕр темӕ куы нӕ фембары, уӕд ыл иумӕ фӕныхас кӕнут? Кӕнӕ, мыййаг, цавӕрдӕр зын уавӕры бахауд? Уӕд Приложенийы JW Library кӕнӕ нӕ интернет-телеуынынады ссар, чи йын баххуыс кӕндзӕн, ахӕм видеоролик. Чи зоны йӕм уӕ бон уа иумӕ бакӕсын ӕмӕ ыл аныхас кӕнын.
Алы мӕй дӕр рацӕуы ног видеороликтӕ. Куы сӕм бакӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн, иннӕты ахуыргӕнгӕйӕ сӕ дӕ бон куыд у пайда кӕнын, ууыл.