Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 12–14

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

Иннӕты кӕй уарзӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын?

12:10, 17–21

Исчи нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ чырыстон уарзондзинад фӕразӕнгард кӕны, цӕмӕй йӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм ӕмӕ йӕм хӕларзӕрдӕ уӕм. «Де знаг ӕххормаг куы уа, уӕд ын бахӕрын кӕн, дойны куы уа, уӕд ын дон ратт. Афтӕмӕй йын йӕ сӕрыл судзгӕ цӕхӕртӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕ» (Ро 12:20). Чи нӕ фӕхъыг кодта, уымӕ хӕларзӕрдӕ куы уӕм, уӕд, чи зоны, ӕрфӕсмон кӕна.

Нӕ дӕ фӕндыд, афтӕмӕй кӕйдӕр куы фӕхъыг кодтай, фӕлӕ дӕм уыцы адӕймаг хӕларзӕрдӕ кӕй уыд, уый дын ӕхсызгон нӕ уыд?