Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16–22 декабры

ПСАЛОМ 119:57–120

16–22 декабры

129 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕн куыд ис?

(10 мин.)

Дарддӕр дӕр Хуыцауы Ныхас кӕс ӕмӕ йӕ иртас (Пс 119:61; w06 1/7 12 ф., 2 абз.; w00 1/12 24 ф., 3 абз.).

Зындзинӕдтӕ дын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивай (Пс 119:71; w06 1/9 14 ф., 3 абз.).

Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна (Пс 119:76; w17.07 13 ф., 3, 5 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕ мын-иу зындзинӕдты рӕстӕг куыд баххуыс кодта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаин?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 119:96. Цыфӕнды ӕххӕстдзинадӕн дӕр кӕрон ис, зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у? (w06 1/9 14 ф., 4 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн нӕ сайты тыххӕй зӕгъ ӕмӕ йын сайты визиткӕ ратт (lmd 2 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймаджы фӕхон, ӕмбырды цы ӕргом раныхас уыдзӕн, уымӕ. Йӕ хъус ын ӕрдар видеороликмӕ «Паддзахады залы цы вӕййы?» (видеоролик ӕвдисын нӕ хъӕуы) (lmd 8 урок, 3 пункт).

6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Равдыст: ijwbq 157. Темӕ «Библи ӕрдзон бӕллӕхты тыххӕй цы дзуры?» (lmd 3 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

128 зарӕг

7. Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн баххуыс кӕны

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Фидар фӕлӕууын нысан кӕны, адӕймаг зындзинӕдты рӕстӕг йӕ къухтӕ куы не ’руадзы, уый. Уымӕ ма хауы йӕ ныфс куы нӕ асӕтты, зындзинӕдтӕм раст цӕстӕй куы фӕкӕсы ӕмӕ, зындзинӕдтӕ кӕд нал уыдзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ куы фенхъӕлмӕ кӕсы, уый дӕр. Фидар куы уӕм, уӕд нӕ фӕтӕрсдзыстӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзыстӕм, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд дӕр (Дзт 10:36–39). Йегъовӕйы тынг фӕнды, цӕмӕй нын зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна (Дзт 13:6).

Алы стихы бынмӕ дӕр ныффысс, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Фӕлварӕнты чи бахауд, уыдоны тыххӕй зӕрдиагӕй кувут». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Нӕ сайтӕй jw.org куыд ис базонӕн, зындзинӕдтыл чи ӕмбӕлы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй?

  • Ныййарджытӕн сӕ бон куыд у сӕ сывӕллӕтты иннӕты тыххӕй кувын ахуыр кӕнын ӕмӕ уый цы пайда у?

  • Йегъовӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ кувӕм, цӕмӕй не ’мчырыстӕттӕн фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна?

  • Иннӕты тыххӕй куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕууӕм?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 32 зарӕг ӕмӕ куывд