Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

23–29 декабры

ПСАЛОМ 119:121–176

23–29 декабры

31 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕхи ӕнӕхъуаджы зӕрдӕрыстӕй бахизай?

(10 мин.)

Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ уарз (Пс 119:127; w18.06 17 ф., 5, 6 абз.).

Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй де сӕфт уын (Пс 119:128; w93-U 15/4 17 ф., 12 абз.).

Йегъовӕмӕ хъус ӕмӕ дӕхи хиз, «ӕвӕлтӕрдтӕ» цы рӕдыдтытӕ саразынц, уыдонӕй (Пс 119:130, 133; Ӕм 22:3).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Цы мӕ хъӕуы аивын, цӕмӕй Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ уарзон ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй ме сӕфт уынон?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 119:160. Ацы стихмӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй цы хъуамӕ уырна? (w23.01 2 ф., 2 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ (lmd 1 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн равдис, цы фарста йӕ цымыдис кӕны, уымӕн йӕ бон куыд у сайты jw.org дзуапп ссарын (lmd 8 урок, 3 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

(5 мин.). Аныхас кӕн, Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, фӕлӕ ӕмбырдты арӕх чи нӕ вӕййы, уыцы адӕймагимӕ (lmd 12 урок, 4 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

121 зарӕг

7. Ӕхцайы тыххӕй дӕхи ӕнӕхъуаджы мӕстыты хай ма бакӕн!

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Ӕхца чи уарзы, уыдон «сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкӕнынц» (1Тм 6:9, 10). Ӕхцауарзаг куы уӕм ӕмӕ нын ӕхцайӕ сӕйрагдӕр куы ницы уа, уӕд бирӕ мӕстытӕ бавзардзыстӕм.

  • Йегъовӕйы хӕлӕрттӕ нӕ уыдзыстӕм (Мф 6:24).

  • Цардӕй райгонд нӕ уыдзыстӕм (Ек 5:10).

  • Зындӕр нын уыдзӕн нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хизын, зӕгъӕм, сайынӕй, давынӕй ӕмӕ нӕм искӕуыл гадзрахатӕй рацӕуын диссаг нӕ кӕсдзӕн (Ӕм 28:20). Ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ куы аразӕм, уӕд нӕ нӕ цӕсгом хӕрдзӕн, хорз ном нын нӕ уыдзӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау райгонд нал уыдзӕн.

Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 13:5. Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ӕхцамӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ӕнӕхъуаджы мӕстытӕй бахизӕм?

Кӕд ӕхцауарзаг не стӕм, уӕддӕр мӕстытӕ бавзардзыстӕм, ӕхцайӕ раст куы нӕ пайда кӕнӕм, уӕд.

Равдис ФЛОМАСТЕРӔЙ НЫВ АНИМАЦИ «Де ’хцайӕ раст пайда кӕн». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Не ’хца цӕуыл хардз кӕндзыстӕм, уый пълан кӕнын цӕмӕн хъӕуы ӕмӕ куыд?

  • Хорз цӕмӕн у, цӕмӕй нӕ рӕбыны иуцасдӕр ӕхца уа?

  • Ӕнӕхъуаджы хӕстӕ исын зондыл дзурӕг цӕуылнӕ у?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 101 зарӕг ӕмӕ куывд