Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 ноябрӕй 1 декабрмӕ

ПСАЛОМТӔ 109–112

25 ноябрӕй 1 декабрмӕ

14 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Паддзах Йесойы фарс у!

(10 мин.)

Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд Йегъовӕйы рахиз фарс ӕрбадт (Пс 110:1; w06 1/9 13 ф., 6 абз.).

1914 азы Йесо йе знӕгтыл уӕлахиз кӕнын райдыдта (Пс 110:2; w00-U 1/4 18 ф., 3 абз.).

Мах фӕнды, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразын, цӕмӕй равдисӕм, Йесо Чырыстийы фарс кӕй стӕм (Пс 110:3; be 76 ф., 2 абз.).

АХЪУЫДЫ КӔН: «Цавӕр нысӕнттӕ у мӕ бон мӕ разы сӕвӕрын, цӕмӕй равдисон, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй дӕн?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 110:4. Ацы стихы цавӕр бадзырды кой цӕуы? (it-2-U 867 ф., 6 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Дӕ ныхас райдай нӕ буклеттӕй искӕцыйы фӕрцы (lmd 4 урок, 3 пункт).

5. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн

(5 мин.). Равдыст: ijwfq 23. Темӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕстмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?» (lmd 4 урок, 4 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

72 зарӕг

7. Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Йегъовӕ йӕ Паддзахад кӕй сфидар кодта, уымӕй бӕрӕг у, уӕлӕрвты дӕр ӕмӕ зӕххыл дӕр хицау кӕй у (Дан 2:44, 45). Ӕмӕ нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, цӕмӕй Паддзахады хъуыддаг размӕ цӕуа, уӕд февдисӕм, уымӕй хуыздӕр хицау кӕй нӕй, уый нӕ кӕй уырны.

Равдис ВИДЕОРОЛИК «„Фарны кънйазы“ фарс ут». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Нӕ бон куыд у ӕвдисын, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм?

Дӕлдӕр фыст ис, Хуыцауы Паддзахады фарс кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын. Алы хъуыдыйы бынмӕ дӕр ныффысс, йемӕ баст чи у, ахӕм стих.

  • Хуыцауы Паддзахад нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм.

  • Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм.

  • Иннӕтӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй дзурӕм.

  • Ацы дунейы хицӕуттӕн аргъ кӕнӕм, фӕлӕ сӕ закъӕттӕ Хуыцауы закъоны ныхмӕ куы вӕййынц, уӕд фӕкӕсӕм Хуыцауы коммӕ.

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 75 зарӕг ӕмӕ куывд