Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2024 азы 30 декабрӕй 2025 азы 5 январмӕ

ПСАЛОМТӔ 120–126

2024 азы 30 декабрӕй 2025 азы 5 январмӕ

144 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

Вавилоны уацарӕй чи ӕрыздӕхт, уыцы израилӕгтӕ цин кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ фыдӕбонӕн раарфӕ кодта

1. Таугӕ кодтой цӕссыгкалгӕйӕ, кӕрдгӕ та – цингӕнгӕйӕ

(10 мин.)

Израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, цӕмӕй раст дин йӕ къахыл слӕууын кодтаиккой, уӕд тынг цин кодтой (Пс 126:1–3).

Иудейӕмӕ чи ’рыздӕхт, уыдоны уӕззау фыдӕбон кӕнын хъуыд ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕугӕ дӕр кодтой (Пс 126:5; w04 1/6 25 ф., 10 абз.).

Адӕм фӕразон уыдысты ӕмӕ фыдӕбон кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ раарфӕ кодта (Пс 126:6; w21.11 24 ф., 17 абз.; w01 1/8 14, 15 фф., 13, 14 абз.; кӕс нывмӕ).

АХЪУЫДЫ КӔН: Армагеддоны фӕстӕ алцыдӕр ногӕй куы аразӕм, уӕд цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдзыстӕм? Цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм?

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 124:2–5. Йегъовӕ израилӕгты куыд хъахъхъӕдта, абон дӕр йӕ адӕмы афтӕ хъахъхъӕны? (cl 73 ф., 15 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ (lmd 3 урок, 5 пункт).

5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Ныхас кӕныс, уый размӕ дын афтӕ чи загъта, Библийыл не ’ууӕндын, зӕгъгӕ, уыцы адӕймагимӕ (lmd 9 урок, 5 пункт).

6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

155 зарӕг

7. Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ дын цины хос уӕнт!

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Вавилоны уацары чи уыд, уыдонӕн Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кодта. Ссӕрибар сӕ кодта ӕмӕ сын сӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ ныххатыр кодта (Ис 33:24). Цалынмӕ израилӕгтӕ уацары уыдысты, уӕдмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕйы домбӕйттӕ ӕмӕ иннӕ хъӕддаг сырдтӕ сбирӕ сты, ӕмӕ сын сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ фосы дӕр хъахъхъӕдта (Ис 65:25). Сӕхи хӕдзӕртты цардысты ӕмӕ сӕ сӕнӕфсирдӕттӕн сӕ дыргъ хордтой (Ис 65:21). Хуыцау сын сӕ фыдӕбонӕн арфӕ кодта ӕмӕ сын бирӕ цӕрӕнбонтӕ радта (Ис 65:22, 23).

Waterfall: Maridav/stock.adobe.com; mountains: AndreyArmyagov/stock.adobe.com

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Фарнимӕ баст зӕрдӕвӕрдтӕ уын цины хос уӕнт» (скъуыддзаг). Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ацы пехуымпарӕдтӕ абон куыд ӕххӕст кӕнынц?

  • Ног дунейы та куыд сӕххӕст уыдзысты?

  • Ног дунемӕ ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 58 зарӕг ӕмӕ куывд