Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4–10 ноябры

ПСАЛОМ 105

4–10 ноябры

3 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. «Уый йӕ бадзырд йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕнустӕм»

(10 мин.)

Йегъовӕ Авраамимӕ бадзырд скодта ӕмӕ йӕ уый фӕстӕ Исахъ ӕмӕ Иаковӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта (Рд 15:18; 26:3; 28:13; Пс 105:8–11).

Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрд кӕй сӕххӕст уыдзӕн, уымӕн, чи зоны, адӕймаджы цӕстӕй кӕсгӕйӕ гӕнӕн нӕ уыд (Пс 105:12, 13; w23.04 28, 29 фф., 11, 12 абз.).

Йегъовӕ никуы ферох кодта, Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый (Пс 105:42–44; it-2-U 832 ф., 3 абз.).


АХЪУЫДЫ КӔН: «Йегъовӕйыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый кӕй зонын, уый мын куыд ӕххуыс кӕны?»

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 105:17–19. Йегъовӕйы «ныхас» Иосифы куыд сыгъдӕг кодта? (w16.08 23 ф., 13 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(1 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймаджы не ’вдӕлы (lmd 2 урок, 5 пункт).

5. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймаг демӕ быцӕу кӕнын райдыдта ӕмӕ дӕ ныхас хӕларзӕрдӕйӕ фӕу (lmd 4 урок, 5 пункт).

6. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагимӕ уый размӕ куы ныхас кодтай, уӕд ӕй цы темӕ бацымыдис кодта, уый фӕдыл ын журнал ратт (lmd 8 урок, 3 пункт).

7. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн радзур приложени JW Library-йы® тыххӕй ӕмӕ йын равдис, куыд ӕй ис рафыссӕн, уый (lmd 9 урок, 5 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

84 зарӕг

8. Йегъовӕйы Фырты кӕй уарзыс, уый дӕ бон куыд у равдисын?

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ ӕмӕ не ’хца Паддзахады хъуыддӕгтӕн куы нӕ февгъау кӕнӕм, уӕд равдисӕм, Йегъовӕйы ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы кӕй уарзӕм. Афтӕ кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ барухс кӕнӕм ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн баххуыс кӕнӕм (Ин 14:23). Нӕ сайты ис статьятӕ, нӕ мысайнӕгтӕ цӕуыл хардз цӕуынц, уый тыххӕй. Уыцы статьятӕй базонӕн ис, нӕ мысайнӕгтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн цы стыр ӕххуыс фӕвӕййынц, уый. (Кӕс БИБЛИОТЕКӔ > СТАТЬЯТӔ АЛЫХУЫЗОН ТЕМӔТЫЛ > УӔ МЫСАЙНӔГТӔ ЦӔУЫЛ ХАРДЗ ЦӔУЫНЦ.)

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уӕ мысайнӕгтӕ стыр ӕххуыс сты». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Мысайнӕгты фӕрцы ӕфсымӕртӕн сӕ бон куыд у нӕ бартӕ хъахъхъӕнын, цӕмӕй Хуыцауӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнӕм?

  • 2 Коринфӕгтӕм 8:14 стихы цы уагӕвӕрд ис, уый ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Паддзахады залтӕ аразгӕйӕ мысайнӕгтӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕной?

  • Нӕ мысайнӕгты фӕрцы Библи алыхуызон ӕвзӕгтӕм тӕлмац кӕй цӕуы, уый ӕфсымӕртӕн цы пайда хӕссы?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 97 зарӕг ӕмӕ куывд