Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕйау рӕдау у

Йегъовӕйау рӕдау у

2 Коринфӕгтӕм 9:7 стихы фыст ис: «Алчидӕр кӕнӕд, йӕхицӕн куыд загъта, афтӕ – мацы кӕнӕд ӕвӕндонӕй кӕнӕ тыххӕй кӕнӕгау, уымӕн ӕмӕ Хуыцау, зӕрдиагӕй чи дӕтты, уый уарзы». Рӕдау адӕймаг иннӕтӕн йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ фӕрӕзтӕ нӕ февгъау кӕны. Ӕмӕ йын уый цины хос вӕййы. Адӕймаг рӕдау кӕй у, уый, йӕ лӕвар цӕйас у, уымӕй бӕрӕг нӕ вӕййы, фӕлӕ йӕ лӕвар скӕнын зӕрдиагӕй кӕй фӕфӕнды, уымӕй. «Амондджын Хуыцау» Йегъовӕйӕ рӕдаудӕр ничи у (1Тм 1:11). Уый цӕмӕй бӕрӕг у?

  • Алы адӕймагыл дӕр тыхсы (Лк 6:35).

  • Уӕлдай тынгдӕр тыхсы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл (Пс 37:25).

  • Ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар нын скодта, йӕ Фырты мах тыххӕй куы радта, уӕд (Ин 3:16).

РАГАЦАУ БАКӔС w13 15/6 14, 15 ФӔРСТЫЛ 9, 11 АБЗАЦТӔ ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй мах дӕр Йегъовӕйау рӕдау уӕм?

  • Нӕ бон куыд у фыццаг ӕнусы чырыстӕтты фӕзмын? (Кӕс od 12 сӕр, 12–15 абз.)

  • Нӕ бон цы у Йегъовӕйӕн рӕдауӕй дӕттын?

  • Рӕдау кӕй стӕм, уый нын цы пайда хӕссы?