Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | 2 ИОАННЫ 1–13; 3 ИОАННЫ 1–14; ИУДӔЙЫ 1–25

Хъуамӕ тох кӕнӕм, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм

Хъуамӕ тох кӕнӕм, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл дарддӕр цӕуӕм

Иуд 3

Чырысти бафӕдзӕхста: «Уӕ тых, уӕ бонӕй архайут нарӕг дуарыл бахизыныл» (Лк 13:24). Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй нӕ Хуыцау райгонд уа. Чырыстийы ӕфсымӕр Иудӕ дӕр загъта: «Уырнындзинады... сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнут». Хъуамӕ ӕдзухдӕр ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй:

  • нӕхи ӕнӕгъдаудзинадӕй хизӕм (Иуд 6, 7);

  • ӕмбырды бартӕ кӕй къухы сты, уыцы ӕфсымӕрты нымайӕм (Иуд 8, 9);

  • нӕхи фидар кӕнӕм «сыгъдӕг уырнындзинады» фӕрцы, ома Библийы ахуырӕдты фӕрцы (Иуд 20, 21).