«Зонын дын дӕ хъуыддӕгтӕ»
-
«Авд стъалыйы» амонынц сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгтӕм, фӕлӕ ма ноджыдӕр амонынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.
-
Стъалытӕ Чырыстийы «рахиз къухы» кӕй сты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сыл йӕ бар цӕуы ӕмӕ сын разамынд дӕтты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй искӕмӕн зонд бацамонын куы хъӕуа, уӕд Йесо ӕнӕмӕнгдӕр батыхсдзӕн, цӕмӕй йын уынаффӕ раттой йӕ афоныл, стӕй, хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ.
-
«Авд сызгъӕрин цырагъдарӕны» амонынц чырыстон ӕмбырдтӕм. Цатыры-иу цырагъдарӕн куыд рухс кодта, афтӕ чырыстон ӕмбырдтӕй дӕр кӕлы рӕстдзинады рухс (Мф 5:14). Чырысти цырагъдарӕнты ’хсӕн «рацу-бацу кӕны», ома йӕ хъус дары ӕмбырдты хъуыддӕгтӕм.