Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, уый

Йегъовӕ зоны, цы нӕ хъӕуы, уый

Ӕууӕнкджын ӕмӕ нын зондджын цагъар хӕринаг афоныл дӕтты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ цагъарӕн разамынд дӕтты ӕмӕ зоны, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн нӕ цы хъӕуы, уый (Мф 24:45). Уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, регионалон конгресстӕ ӕмӕ нын къуырийы астӕу фембӕлдтӕ кӕй вӕййы, уымӕй.

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «АХУЫРАДОН КОМИТЕТЫ ХЫГЪД (2017 АЗ)» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Конгресстӕ нын афоныл кӕй вӕййынц, уый тыххӕй бузныг кӕмӕй хъуамӕ уӕм ӕмӕ цӕмӕн?

  • Конгресс цӕттӕ кӕнын кӕд райдайынц?

  • Конгрессы темӕ куыд равзарынц?

  • Конгресс куыд фӕцӕттӕ кӕнынц?

  • Галаады скъолайы Библи ахуыр кӕнгӕйӕ цы мадзалӕй фӕпайда кӕнынц, уыцы мадзалӕй куыд фӕпайда кӕнынц, къуырийы астӕу нын цы фембӕлдтӕ вӕййы, уыдонӕн программӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ?

  • Кусӕн тетрад цӕттӕ кӕнгӕйӕ алыхуызон хайӕдтӕ ӕмгуыст куыд фӕкӕнынц?

Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн цы хӕринаг дӕтты, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?