Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Уӕ чындзӕхсӕв цӕттӕ кӕнгӕйӕ уӕхи ацы дунейы зондахастӕй хизут

Уӕ чындзӕхсӕв цӕттӕ кӕнгӕйӕ уӕхи ацы дунейы зондахастӕй хизут

Чырыстӕттӕй сӕ цард баиу кӕнын чи сфӕнд кӕны, уыдоны сӕ чындзӕхсӕв цӕттӕ кӕнгӕйӕ фӕхъӕуы бирӕ уынаффӕтӕ рахӕссын. Чи зоны сӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, кӕм цӕрынц, уым цы хъӕздыг чындзӕхсӕвтӕ фӕкӕнынц, ахӕм чындзӕхсӕв хъуамӕ скӕной. Сӕ чындзӕхсӕв куыд хъуамӕ ацӕуа, уый фӕдыл сын, гӕнӕн ис, сӕ хиуӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕхи хъуыды хъарой. Сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыдонӕн Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй сӕ чындзӕхсӕв афтӕ ацӕуа, ӕмӕ Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг уа ӕмӕ мацӕуыл фӕсмон кӕной?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔЙӔН КАД ЧИ ХӔССЫ, АХӔМ ЧЫНДЗӔХСӔВТӔ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Ник ӕмӕ Джулианӕйӕн Библийӕ ацы уагӕвӕрдтӕ куыд баххуыс кодтой?

  • Сӕ цард баиу кӕнын чи фӕнд кӕны, уыдонӕн сӕ чындзӕхсӕвы алцӕмӕ дӕр йӕ хъус чи дардзӕн, уый фӕлтӕрдджын ӕфсымӕр цӕмӕн хъуамӕ уа? (Ин 2:9, 10).

  • Ник ӕмӕ Джулианӕ сӕхӕдӕг цы равзӕрстой ӕмӕ цӕмӕн?

  • Чындзӕхсӕв куыд ацӕудзӕн, цас уазджытӕ дзы уыдзӕн ӕмӕ фынгтыл цы уыдзӕн, уый чи хъуамӕ аскъуыддзаг кӕна? (w06 1/11 19 ф., 10 абз.)