КУСӔН ТЕТРАД Октябрь 2018
Куыд ис аныхас кӕнӕн
Куыд ис аныхас кӕнӕн, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ Хуыцау хъизӕмӕрттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн, ууыл.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Чырысти йӕ фыстыл тыхсы
Чырысти хорз Фыййау у, ӕмӕ йӕ фыстӕй алкӕй тыххӕй алцы зоны. Зоны, сӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу ӕмӕ цӕмӕй тыхсынц, уый.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Чырыстийау тӕригъӕдгӕнаг ут
Чырысти тӕригъӕдгӕнаг кӕй уыд, уый диссаг цӕмӕн у?
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Ӕз уын равдыстон, куыд хъуамӕ кӕнат, уый»
Чырысти йӕ апостолты къӕхтӕ кӕй ныхсадта, уымӕй равдыста, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уыдаиккой ӕмӕ се ’фсымӕртӕн, кадджыныл нымад чи нӕ уыд, уыцы хъуыддӕгты дӕр кӕй хъуамӕ лӕггад кодтаиккой.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис уарзондзинад. Хиуарзон ма ут ӕмӕ-иу уайтагъд ма рамӕсты ут
Цӕмӕй, Чырысти цы уарзондзинад ӕвдыста, мах дӕр ахӕм уарзондзинад ӕвдисӕм, уый тыххӕй хъуамӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл архайӕм ӕмӕ-иу уайтагъд ма смӕсты уӕм.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Сымах та ацы дунейӕ не стут»
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ хъӕбатыр уой, цӕмӕй ацы дунейы адӕмӕй хицӕн кӕной
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис уарзондзинад. Нӕ иудзинад хъахъхъӕнӕм
Цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа, уый тыххӕй хъуамӕ иннӕты хорз миниуджытӕ уынӕм ӕмӕ сын зӕрдиагӕй хатыр кӕнӕм.
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
Чырысти рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууыд
Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй рӕстдзинады тыххӕй ӕвдисӕн лӕууӕм.
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Ӕцӕг чырыстӕтты ’хсӕн ис уарзондзинад. Цин кӕнӕм рӕстдзинадыл
Хъуамӕ цин кӕнӕм рӕстдзинадыл, дзурӕм рӕстдзинад ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, раст цыдӕриддӕр у, ууыл, кӕд ацы дуне хӕрам ӕмӕ мӕнг хъуыддӕгтӕй йедзаг у, уӕддӕр.