16–22 сентябры
ПСАЛОМТӔ 85–87
41 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Хуыцаумӕ кӕй кувӕм, уый нын фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕны
(10 мин.)
Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй дын циндзинад дӕтта (Пс 86:4).
Йегъовӕйӕ ӕххуыс кур, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай (Пс 86:11, 12; w12 15/5 25 ф., 10 абз.).
Ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын дӕ куывдтытӕн дзуапп кӕй ратдзӕн (Пс 86:6, 7; w23.05 13 ф., 17, 18 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕмӕ арӕхдӕр ӕмӕ фылдӕр рӕстӕг фӕкувын?» (Пс 86:3).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 86:11. Давиды куывдӕй цы ис базонӕн адӕймаджы зӕрдӕйы тыххӕй? (it-2-U 783 ф., 5 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 86:1–87:7 (th 12 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 3 урок, 5 пункт).
5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ; уый размӕ дын загъта, ӕрӕджы чи ’рцыд, уыцы хабӕртты тыххӕй кӕй мӕт кӕны (lmd 7 урок, 4 пункт).
6. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын
(5 мин.). lff 15 урок, 5 дӕлсӕргонд. Библи кӕимӕ ахуыр кӕныс, уымӕн зӕгъ, иннӕ къуыри кӕдӕмдӕр цӕуинаг кӕй дӕ ӕмӕ аныхас кӕнут, Библийы ахуыр куыд ацӕудзӕн, ууыл (lmd 10 урок, 4 пункт).
83 зарӕг
7. «Дӕ ныфс-иу ма асӕттӕд»
(5 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Равдис ацы ВИДЕОРОЛИК. Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Хъусын кӕнгӕйӕ хатт нӕ ныфс цӕмӕн асӕтты?
-
Нӕ къухтӕ-иу цӕуылнӕ хъуамӕ ӕруадзӕм?
8. Дарддӕр дӕр адӕмӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй дзур!
(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Ацы мӕй зиуы архайӕм ӕмӕ пайда кӕнӕм брошюрӕйӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Кӕд дын Библийы ахуыр фӕзынд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, цин кӕныс. Ӕмӕ дын цы бантыст, ууыл иннӕтӕ дӕр цин кӕнынц. Фӕлӕ кӕд Библи ахуыр кӕнын никӕимӕ райдыдтай, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс, ӕмӕ дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у. Ахӕм уавӕры дӕ бон цы у саразын?
Равдис ВИДЕОРОЛИК «„Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уый ӕвдисӕм... бирӕфӕразондзинадӕй“. Хъусын кӕнгӕйӕ». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ уацамынды дӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы у, уӕд дын 2 Коринфӕгтӕм 6:4 ӕмӕ 6 стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты?
-
Искӕимӕ дын Библи ахуыр кӕнын райдайын куы не ’нтыса, уӕд дӕ бон цы уаид фӕивын?
Рох дӕ ма уӕд: цал адӕймагимӕ райдыдтам Библи ахуыр кӕнын кӕнӕ нын ныридӕгӕн цал Библийы ахуыры ис, нӕ циндзинад уымӕй кӕнгӕ нӕу. Махӕн циндзинад хӕссы, Йегъовӕ нын нӕ фыдӕбонӕй райгонд кӕй у, уый (Лк 10:17–20). Цӕй уӕдӕ ацы зиуы дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй архайӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, нӕ «фыдӕбон дзӕгъӕлы кӕй нӕу» (1Кр 15:58).
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 15 сӕр, 13, 14 абз., рамкӕ 137 ф.