Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2–8 сентябры

ПСАЛОМТӔ 79–81

2–8 сентябры

29 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ

1. Йегъовӕйы кадджын ном кӕй уарзыс, уый дӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уӕд

(10 мин.)

Йегъовӕйы ном чи ӕгад кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадз (Пс 79:9; w17.02 9 ф., 5 абз.).

Йегъовӕйы ном агур (Пс 80:18; ijwbv 3 ф., 4, 5 абз.).

Йегъовӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕны, йӕ коммӕ чи кӕсы ӕмӕ йын йӕ ном чи уарзы, уыдоны (Пс 81:13, 16).

Иннӕтӕн-иу зӕгъ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ уӕд дӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйы ном кадджын кӕндзынӕ

2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(10 мин.)

  • Пс 80:1. Библийы иуӕй-иу рӕтты Израилы мыггӕгтӕ се ’ппӕт Иосифы номӕй цӕмӕн хуыйнынц? (it-1-U 1052 ф., 2, 3 абз.)

  • Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

3. Библийӕ бакӕсинаг

АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН

4. Ныхас райдайын

(1 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 4 урок, 4 пункт).

5. Ныхас райдайын

(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, ФАДАТ КУЫ ФӔЗЫНЫ, УӔД. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 4 урок, 3 пункт).

6. Ныхас райдайын

(2 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 3 урок, 3 пункт).

7. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын

(5 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Кӕддӕр Библи ахуыр кӕныныл чи не сразы, ахӕм адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 8 урок, 3 пункт).

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

10 зарӕг

8. «Уыдон [мын] мӕ ном кадджын кӕндзысты»

(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.

Хӕйрӕг Хуыцауы номыл цъыф калын райдыдта Едемы цӕхӕрадоны. Уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмы дӕр ӕмӕ зӕдты дӕр хъӕуы ахсджиаг фарста аскъуыддзаг кӕнын – Йегъовӕйы ном рухс кӕндзысты ӕви нӕ.

Хӕйрӕг Йегъовӕйы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кӕны, зӕгъӕм, дзуры, Йегъовӕ ӕгъатыр хицау кӕй у (Рд 3:1–6; Иов 4:18, 19). Стӕй ма дзуры, Йегъовӕйӕн уый тыххӕй кӕй нӕ лӕггад кӕнӕм, ӕмӕ йӕ уарзгӕ кӕнӕм (Иов 2:4, 5). Уымӕй уӕлдай ма милуангай адӕмы баууӕндын кодта, нӕ алыварс цы диссаджы ӕрдз ис, уый Йегъовӕ кӕй не сфӕлдыста (Ро 1:20, 21).

Ацы мӕнг ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ дӕ, ӕвӕццӕгӕн, бафӕнды Йегъовӕйы фарс слӕууын ӕмӕ йӕ ном кадджын кӕнын! Йегъовӕ зыдта, йӕ лӕггадгӕнджыты кӕй бафӕнддзӕн йӕ ном рухс кӕнын. (Абар Исай 29:23.) Дӕ бон куыд у уый аразын?

  • Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕ бауарзой (Ин 17:25, 26). Цӕттӕ у, Хуыцау кӕй ис, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссынмӕ. Стӕй адӕмӕн дзур йӕ диссаджы миниуджыты тыххӕй (Ис 63:7).

  • Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарз (Мф 22:37, 38). Йегъовӕйы коммӕ кӕс, уый дӕ пайдайӕн кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ дӕ йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын кӕй фӕнды, уый тыххӕй (Ӕм 27:11).

Равдис ВИДЕОРОЛИК «Уарзондзинады фӕрцы алцыдӕр сфӕраздзынӕ, кӕд скъолайы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уӕддӕр». Стӕй хъусджыты бафӕрс:

  • Ариэль ӕмӕ Диего Йегъовӕйы сӕрыл куыд дзырдтой?

  • Цӕмӕн сӕ бафӕндыд Йегъовӕйы сӕрыл рахӕцын?

  • Дӕ бон куыд у Ариэль ӕмӕ Диегойы бафӕзмын?

9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ

Кӕронбӕттӕн (3 мин.) | 90 зарӕг ӕмӕ куывд