23–29 сентябры
ПСАЛОМТӔ 88, 89
22 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Йегъовӕйы хицаудзинадӕй хуыздӕр нӕй
(10 мин.)
Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы (Пс 89:14; w17.06 28 ф., 5 абз.).
Йегъовӕйы хицаудзинады фарс чи у, уыдон сты амондджын (Пс 89:15, 16; w17.06 29 ф., 10, 11 абз.).
Йегъовӕйы хицаудзинад уыдзӕн ӕнустӕм (Пс 89:34–37; w14 15/10 10 ф., 14 абз.).
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 89:37. Дзырдтӕ «иузӕрдион» ӕмӕ «ӕууӕнкджын» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (cl-U 281 ф., 4, 5 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 89:1–24 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ. Чырыстон диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагӕн Библи ахуыр кӕныны тыххӕй зӕгъ (lmd 5 урок, 5 пункт).
5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Адӕймагӕн зӕгъ, дӕ бон ын кӕй у равдисын, адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнӕм, уый (th 9 урок).
6. Цӕуыл ӕууӕндыс, уый иннӕтӕн ӕмбарын кӕн
94 зарӕг
7. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ сты ӕппӕты хуыздӕр
(10 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ, Библийы ӕмуат ӕрцӕуыны тыххӕй ӕмӕ бинонты царды тыххӕй цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕгӕр карз сты ӕмӕ уыдонмӕ гӕсгӕ ничиуал цӕры. Дӕу фидарӕй уырны, Йегъовӕйы закъӕттӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын хуыздӕр кӕй у? (Ис 48:17, 18; Ро 12:2).
-
Ацы дунейы адӕм куыд цӕрынц, афтӕ цӕрын нӕ цӕуылнӕ фӕнды? (Йер 10:23; 17:9; 2Кр 11:13–15; Еф 4:18, 19).
-
Хуыздӕр цӕмӕн у, Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдонмӕ гӕсгӕ цӕрын? (Ин 3:16; Ро 11:33; Тит 1:2).
Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцау хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон чи ницӕмӕ дары, уыцы адӕм «Хуыцауы паддзахад бынӕн нӕ райсдзысты» (1Кр 6:9, 10). Фӕлӕ Хуыцауы коммӕ ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй хъуамӕ кӕсӕм?
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Цӕмӕн мӕ уырны? Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Йегъовӕ хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ радта, уыдон нӕ куыд хъахъхъӕнынц?
8. Ӕркӕсинаг фарстатӕ
(5 мин.)
9. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 15 урок, 15–20 абз.