28 октябрӕй 3 ноябрмӕ
ПСАЛОМТӔ 103, 104
30 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. «Сыджыт кӕй стӕм, уый дзы рох нӕу»
(10 мин.)
Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у, уый тыххӕй уавӕртӕм гӕсгӕ фӕархайы (Пс 103:8; w23.07 21 ф., 5 абз.).
Куы фӕрӕдийӕм, уӕд ныл Йегъовӕ йӕ къух нӕ ауигъы (Пс 103:9, 10; w23.09 6, 7 фф., 16–18 абз.).
Йегъовӕ нӕ, нӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр нӕ домы (Пс 103:14; w23.05 26 ф., 2 абз.).
АХЪУЫДЫ КӔН: «Мӕ цардӕмбалӕн куыд дӕн, уымӕй бӕрӕг у, кӕй мӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйау ӕмбаргӕ уон?»
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
-
Пс 104:24. Ацы стихӕй куыд зыны, Йегъовӕмӕ ног цыдӕртӕ аразыны тых кӕй ис? (cl-U 55 ф., 18 абз.)
-
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 104:1–24 (th 11 урок)
4. Ныхас райдайын
(3 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ, БИРӔ АДӔМ КӔМ ВӔЙЙЫ, АХӔМ РӔТТЫ (lmd 3 урок, 4 пункт).
5. Адӕймаджы ногӕй бабӕрӕг кӕнын
(4 мин.). ХЪУСЫН КӔНӔМ ХӔДЗАРӔЙ-ХӔДЗАРМӔ. Библи ахуыр кӕныныл чи сразы, ахӕм адӕймагӕн равдис видеоролик «Ӕгас цу Библийы ахуырмӕ» ӕмӕ йыл аныхас кӕнут (th 9 урок).
6. Раныхас
(5 мин.): lmd Уӕлӕмхасӕн А, 6 пункт. Темӕ «Лӕг хъуамӕ, „йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарза йӕ усы дӕр“» (th 1 урок).
44 зарӕг
7. Дӕ бон алцы кӕй нӕу, уый дӕ рох ма уӕд
(15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ.
Хуыздӕрӕй нӕм цы ис, уый Йегъовӕйӕн куы фӕдӕттӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр фӕцин кӕнӕм (Пс 73:28). Фӕлӕ нӕ бон цы у ӕмӕ цы нӕу, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу мӕты нӕ бафтдзыстӕм ӕмӕ-иу нӕ фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм.
Равдис ВИДЕОРОЛИК «Нӕхицӕй ӕгӕр бирӕ куы нӕ домӕм, уӕд нын фылдӕр ӕнтысдзӕн». Стӕй хъусджыты бафӕрс:
-
Йегъовӕ нӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? (Мх 6:8).
-
Ӕрыгон хойӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ нысанмӕ тырнгӕйӕ ӕгӕр ма мӕт кодтаид?
8. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 17 сӕр, 8–12 абз., рамкӕ 155 ф.