9–15 сентябры
ПСАЛОМТӔ 82–84
80 зарӕг ӕмӕ куывд | Разныхас (1 мин.)
1. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ цы хӕстӕ ӕххӕст кӕныс, уыдонӕн аргъ кӕн
(10 мин.)
Мах аргъ кӕнӕм, нӕ бон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй у, уымӕн (Пс 84:1–3; wp16.6 8 ф., 2, 3 абз.).
Йегъовӕйы хъуыддаджы дӕ бон цы у аразын, ууыл цин кӕн; дӕ бон цы нӕу, ууыл ӕгӕр ма мӕт кӕн (Пс 84:10; w08 15/7 30 ф., 3, 4 абз.).
Йегъовӕ йӕ хорздзинӕдтӕ не ’вгъау кӕны, иузӕрдион ыл чи у, уыдонӕн (Пс 84:11; w20.01 16 ф., 12 абз.).
Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм, фӕлӕ зындзинӕдтыл дӕр сӕмбӕлӕм. Фылдӕр дӕ арфӕдзинӕдтыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дын цыфӕнды ма бахӕс кӕной, уӕддӕр ӕй зӕрдӕрайгӕйӕ ӕххӕст кӕндзынӕ.
2. Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
(10 мин.)
Пс 82:3. Ахсджиаг цӕмӕн у, ӕмбырды цы сидзӕртӕ ис, уыдоны уарзын ӕмӕ сыл тыхсын? (it-2-U 813 ф., 1, 2 абз.)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
3. Библийӕ бакӕсинаг
(4 мин.): Пс 82:1–83:18 (th 2 урок)
4. Иннӕты ӕмбар. Йесо куыд бакодта?
(7 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Равдис ВИДЕОРОЛИК ӕмӕ хъусджытимӕ иумӕ аныхас кӕнут lmd 9 урокӕй 1, 2 пункттыл.
5. Иннӕты ӕмбар. Йесойы фӕзм
(8 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ (lmd 9 урок, 3–5 пункттӕ; рамкӕ «Ноджыдӕр ма бакӕс»).
57 зарӕг
6. Ӕркӕсинаг фарстатӕ
(15 мин.)
7. Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ
(30 мин.): bt 15 сӕр, 8–12 абз., рамкӕ 134 ф.