57 зарӕг ӕмӕ куывд
Разныхас (3 мин. кӕнӕ къаддӕр)
ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ
«Чырысти самариаг сылгоймагимӕ ныхас кодта» (10 мин.)
Ин 4:6, 7. Кӕд Йесо фӕллад уыд, уӕддӕр самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕнын райдыдта (nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Ин 4:6 стихмӕ)
Ин 4:21–24. Чырысти самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕнын кӕй райдыдта, уый фӕрцы бирӕтӕ Мессийӕйы тыххӕй фехъуыстой
Ин 4:39–41. Самариӕгтӕй бирӕтӕ Чырыстийыл баууӕндыдысты
Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай? (8 мин.)
Ин 3:29. Ацы стих куыд ӕмбаргӕ у? (nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг)
Ин 4:10. Самариаг сылгоймаг ныхӕстӕ, «царддӕттӕг дон», зӕгъгӕ, чи зоны, куыд бамбӕрста, фӕлӕ уымӕй Йесойы цы зӕгъын фӕндыд? (nwtsty, уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг)
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдонӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтай?
Ацы къуыри Библийӕ цы сӕртӕ кастыстӕм, уыдоны ма ноджыдӕр цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?
Библийӕ бакӕсинаг (4 мин. кӕнӕ къаддӕр): Ин 4:1–15
АРӔХСТДЖЫНДӔРӔЙ ХЪУСЫН КӔН
Фыццаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (2 мин. кӕнӕ къаддӕр): спайда кӕн, 1 фарсыл цы цӕвиттон ис, уымӕй.
Дыккаг хатт цӕуыл ис аныхас кӕнӕн (видеоролик) (5 мин.): равдис видеоролик ӕмӕ йыл аныхас кӕнут.
Раныхас (6 мин. кӕнӕ къаддӕр): bp168 9 ф., 2–5 абз. Темӕ «Иоанны 4:23 стихы ныхӕстӕ цы нысан кӕнынц?».
НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
«Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд дын хъусын кӕнынӕн фадат фӕзындзӕн» (15 мин.). Раныхас фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытимӕ. Кӕронбӕттӕны се ’ппӕты дӕр баразӕнгард кӕн, цӕмӕй къуырийы мидӕг, ӕппынкъаддӕр, иу адӕймагимӕ райдайой ныхас кӕнын. Иннӕ фембӕлды сын фадат уыдзӕн, цӕмӕй радзурой, цы цаутӕ сыл ӕрцыд, уый тыххӕй.
Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ (30 мин.): jy 35 сӕр, дӕлсӕргонд «Хуыцаумӕ кувӕм ӕмӕ йыл нӕ зӕрдӕ дарӕм», рамкӕ «Хорз ахуыргӕнӕн мадзал»
Ацы ӕмӕ иннӕ къуырийы ахсджиаг хъуыдытӕ (3 мин.)
35 зарӕг ӕмӕ куывд