Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд дын хъусын кӕнынӕн фадат фӕзындзӕн

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд дын хъусын кӕнынӕн фадат фӕзындзӕн

Чырысти самариаг сылгоймагимӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд ын хорз хабарыл аныхас кӕнынӕн фадат фӕзынд. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй хуыздӕр арӕхсӕм ӕнӕзонгӕ адӕмимӕ ныхас кӕнын райдайынмӕ?

  • Хӕларзӕрдӕ у ӕмӕ адӕмимӕ ныхас кӕн. Кӕд Чырысти фӕллад уыд, уӕддӕр сылгоймагимӕ ныхас кӕнын райдыдта, дон дзы кӕй ракуырдта, уый фӕрцы. Дӕ бон у ныхас афтӕ райдайын: фӕлмӕнӕй салам ратт, стӕй исты зӕгъ боныхъӕды тыххӕй кӕнӕ, ӕрӕджы чи ӕрцыд, ахӕм хабары тыххӕй. Дӕ зӕрдыл дар, дӕ нысан кӕй у ныхас райдайын. Уымӕ гӕсгӕ, адӕймагмӕ цымыдисаг чи фӕкӕсдзӕн, ахӕм истӕуыл аныхас кӕн йемӕ. Адӕймаг дӕм куы ницы сдзура, уӕддӕр ницы кӕны. Афӕлвар ӕндӕр адӕймагимӕ ныхас райдайын. Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад кур (Не 2:4; Хъд 4:29).

  • Цӕттӕ у хорз хабар радзурынмӕ, фӕлӕ-иу тагъд ма кӕн. Адӕймагимӕ уал ӕнӕуи истӕуыл ныхас кӕнын райдай. Фӕлӕ-иу стӕй ӕвиппайды хорз хабарыл дзурын ма райдайай, цӕмӕй адӕймаг ма фӕтыхса ӕмӕ дын дӕ ныхас ӕрдӕгыл ма аскъуына. Хорз хабарыл аныхас кӕнын дын куы нӕ рауайа, афтӕмӕй уӕ ныхас куы фӕуа, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Кӕд нӕ уӕндыс хорз хабар хъусын кӕнын, уӕд уал архай, цӕмӕй-иу адӕмимӕ ӕнӕуи ныхас кӕнын райдайай. [Равдис ӕмӕ аныхас кӕнут 1-аг видеороликыл.]

  • Бацархай, цӕмӕй дын хорз хабар радзурыны фадат фӕзына. Зӕгъӕм, цӕуыл ӕууӕндыс, ууыл зӕрдиагӕй куы дзурай, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕм адӕймаг фарста ратта. Чырыстийы ныхӕстӕ самариаг сылгоймаджы бацымыдис кодтой ӕмӕ йӕм фарстатӕ фӕзынд. Йӕ фарстатӕн ын дзуаппытӕ кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы йын хорз хабары тыххӕй радзырдта. [Равдис ӕмӕ аныхас кӕнут 2-аг видеороликыл, стӕй та равдис ӕмӕ аныхас кӕнут 3-аг видеороликыл.]