Чырыстийӕн фадат куы фӕзынд, уӕд йӕ бон цӕй фӕрцы уыд хъусын кӕнын?
-
4:7 Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕнӕ, Мессийӕ кӕй у, уымӕй нӕ райдыдта йӕ ныхас, фӕлӕ дон кӕй ракуырдта, уымӕй
-
4:9 Самариаг сылгоймаг ӕндӕр адӕмӕй кӕй уыд, уый тыххӕй йыл йӕхи нӕ атигъ кодта
-
4:9, 12 Сылгоймаг, быцӕумӕ чи ӕркодтаид, ахӕм фарстатыл дзурын куы райдыдта, уӕд уый Йесойы нӕ бакъуылымпы кодта ӕмӕ йӕ ныхас дарддӕр кодта (bp168 9 ф., 2 абз.)
-
4:10 Спайда кодта, сылгоймаг хорз кӕй зыдта, ахӕм цӕвиттонӕй
-
4:16–19 Кӕд сылгоймаг ӕнӕгъдау цард кодта, уӕддӕр ыл Чырысти былысчъил нӕ кодта
Ацы хабарӕй куыд зыны, фадат куы фӕзыны, уӕд хъусын кӕнын ахсджиаг кӕй у?