НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД
Чырыстийау сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ у
Кӕд Чырысти ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг уыд, уӕддӕр, Йегъовӕйы кӕй кадджын кодта, уымӕй равдыста, сӕрныллӕг ӕмӕ бонзонгӕ кӕй уыд (Ин 7:16–18). Ӕвзӕр зӕд Сайтан та сси Хӕйрӕг, ома Фыдкойгӕнӕг (Ин 8:44). Фарисейтӕн дӕр уыд Сайтаны зондахаст. Уыдон былысчъилӕй кастысты, Мессийӕйыл-иу чи баууӕндыд, уыдонмӕ (Ин 7:45–49). Нӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын, ӕмбырды нын исты кадджын хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ: ХӔЛӔГ МА КӔНУТ ӔМӔ УӔХИЦӔЙ МА ӔППӔЛУТ» (1 ХАЙ) ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАЙЫЛ:
-
Алекс сӕрбӕрзонддзинад куыд равдыста?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ: ХӔЛӔГ МА КӔНУТ ӔМӔ УӔХИЦӔЙ МА ӔППӔЛУТ» (2 ХАЙ) ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:
-
Алекс сӕрныллӕгдзинад куыд равдыста?
Алекс Билл ӕмӕ Карлы куыд бафидар кодта?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ: СӔРБӔРЗОНД МА УТ ӔМӔ, ЧИ НЕ ’МБӔЛЫ, АХӔМ МИТӔ МА КӔНУТ» (1 ХАЙ) ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАЙЫЛ:
-
Ӕфсымӕр Том бонзонгӕдзинад куыд нӕ равдыста?
БАКӔСУТ ВИДЕОРОЛИКМӔ «УӔ КӔРӔДЗИЙЫ... УАРЗУТ: СӔРБӔРЗОНД МА УТ ӔМӔ, ЧИ НЕ ’МБӔЛЫ, АХӔМ МИТӔ МА КӔНУТ» (2 ХАЙ) ӔМӔ АНЫХАС КӔНУТ АЦЫ ФАРСТАТЫЛ:
-
Ӕфсымӕр Том бонзонгӕдзинад куыд равдыста?
Ӕфсымӕр Томы цӕвиттон Фейы цӕуыл сахуыр кодта?