Чырысти цыдӕриддӕр дзырдта ӕмӕ арӕзта, уымӕй кадджын кодта йӕ уӕларвон Фыды. Ӕмӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм зыдтаиккой, цы хабар хъусын кодта, уый Хуыцауӕй кӕй уыд. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ахуырӕдты бындур уыд Фыстад, ӕмӕ-иу дзы арӕх скъуыддзӕгтӕ ӕрхаста. Чырыстийӕ-иу куы ӕппӕлыдысты, уӕд-иу адӕмы ӕргом Йегъовӕмӕ аздӕхта – уымӕн ӕмӕ кады аккаг уый у. Сӕйрагдӕр ын уыд, Йегъовӕ йын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый ӕххӕст кӕнын (Ин 17:4).
Нӕ бон куыд у Чырыстийы фӕзмын...
-
искӕимӕ Библи куы ахуыр кӕнӕм кӕнӕ сценӕйӕ ӕмбырд куы ахуыр кӕнӕм?
-
иннӕтӕ нӕ куы ӕппӕлой?
-
нӕ рӕстӕг куыд ӕмӕ цӕуыл хардз кӕндзыстӕм, уый куы скъуыддзаг кӕнӕм?