Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 14, 15

Бирӕтӕн хӕринаг дӕтты цалдӕр адӕймаджы къухӕй

Бирӕтӕн хӕринаг дӕтты цалдӕр адӕймаджы къухӕй

Н. э. 32 азы Куадзӕны размӕ Йесо сарӕзта иу диссаг. Чырыстийы царды хабӕрттӕ чи ныффыста, уыдон цыппарӕй дӕр ӕрмӕстдӕр ацы диссаджы тыххӕй ныффыстой.

Уыцы диссаджы фӕрцы Йесо ӕрфидар кодта, абоны онг цы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайы, уыцы ӕгъдау.

14:16–21

  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕм цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдонӕн хӕринаг радтаиккой, кӕд сӕм фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы уыд, уӕддӕр

  • Йесо дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕ райста, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ сӕ стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, уыдон та сӕ адӕмыл байуӕрстой

  • Йесо диссаг кӕй сарӕзта, уый фӕрцы хӕринаг алкӕмӕн дӕр сфаг, ӕмӕ ма фагӕй фылдӕр дӕр уыд. Йесо мингай адӕмы бафсӕста цалдӕр адӕймаджы къухӕй – йӕ ахуыргӕнинӕгты къухӕй.

  • Йесо фӕстаг бонты кой кӕнгӕйӕ загъта, кӕй снысан кӕндзӕн, йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ын «хӕринаг афоныл [чи] дӕтдзӕн», ахӕм къорд (Мф 24:45).

  • 1919 азы Йесо снысан кодта «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» (сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорд), цӕмӕй йын йӕ «хӕдзаронтӕн» хӕринаг дӕтта

  • Уыцы сӕрст ӕфсымӕрты гыццыл къорды фӕрцы Йесо ныр дӕр архайы, фыццаг ӕнусы цы ӕгъдау ӕрфидар кодта, уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ

Йесо абон адӕмӕн уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг кӕй уылты дӕтты, уыдоныл кӕй ӕууӕндын ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнын, уый мӕ бон куыд у ӕвдисын?