Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

«Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»

«Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады»

Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд бамбарын кодта, ацы фӕдзӕхст, «нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады», зӕгъгӕ, тынг ахсджиаг кӕй у (Рц 20:12; Мф 15:4). Йесойӕн йӕ бон уыд уый тыххӕй сӕрибарӕй дзурын, уымӕн ӕмӕ гыццылӕй йӕ ныййарджытӕн «уыд коммӕгӕс» (Лк 2:51). Йӕ мӕлӕты размӕ та батыхст, цӕмӕй йӕ мадмӕ фӕкӕсӕг уыдаид (Ин 19:26, 27).

Нӕ рӕстӕджы дӕр, йӕ ныййарджыты коммӕ чи кӕсы ӕмӕ семӕ уӕзданӕй чи ныхас кӕны, уыцы ӕрыгон чырыстӕттӕ ӕвдисынц, кӕй сӕ нымайынц, уый. Фӕлӕ ацы фӕдзӕхст ӕрмӕст кӕстӕртӕм нӕ хауы. Нӕ ныййарджытӕ куы базӕронд уой, уӕд дӕр сӕ хъуамӕ нымайӕм ӕмӕ сын сӕ уынаффӕтӕм хъусӕм (Ӕм 23:22). Нӕ ацӕргӕ ныййарджыты кӕй нымайӕм, уый ма бӕрӕг уыдзӕн, нӕ уарзтӕй сӕ куы рӕвдауӕм ӕмӕ, куы хъӕуа, уӕд сын ӕхцайӕ дӕр куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд (1Тм 5:8). Стыртӕ стӕм ӕви гыццылтӕ, нӕ ныййарджытимӕ аныхас кӕнынӕн-иу рӕстӕг куы ссарӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй сӕ нымайӕм, уый.

БАКӔС ФЛОМАСТЕРӔЙ НЫВ АНИМАЦИМӔ «МӔ НЫЙЙАРДЖЫТИМӔ ИУМӔЙАГ ӔВЗАГ КУЫД ССАРОН?» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнын дын зын цӕмӕн вӕййы?

  • Дӕ ныййарджытимӕ ныхас кӕнгӕйӕ дӕ бон куыд у равдисын, кӕй сӕ нымайыс, уый?

  • Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом ныхас кӕнай, уый йӕ фыдӕбоны аргъ цӕмӕн у? (Ӕм 15:22).

    Дӕ ныййарджытимӕ ӕргом куы ныхас кӕнай, уӕд дӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахиздзынӕ