Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фарстатӕ дӕттынмӕ арӕхсӕм

Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Фарстатӕ дӕттынмӕ арӕхсӕм

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У. Кӕд «адӕймаджы зӕрдӕйы хъуыдытӕ... арф дӕттӕ» сты, уӕд фарстатӕ та сты, «сисӕн» сӕ кӕй фӕрцы ис, ахӕм мигӕнӕн (Ӕм 20:5). Фарстаты фӕрцы нӕ бон у адӕймаджы ныхас кӕнынмӕ баразӕнгард кӕнын. Хорз фарстаты фӕрцы ис базонӕн, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый. Чырысти ахӕм фарстатӕ дӕттынмӕ хорз арӕхст. Нӕ бон ӕй куыд у бафӕзмын?

УЫЙ КУЫД ИС АРАЗӔН:

  • Адӕймагмӕ дӕтт, йӕ хъуыды йын кӕй фӕрцы базондзынӕ, ахӕм фарстатӕ. Чырысти-иу йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ахӕм фарстатӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу сын сӕ хъуыды базыдтаид (Мф 16:13–16; кӕс урок «Фарстатӕ дӕттынмӕ арӕхс»). Дӕуӕн та дӕ бон цавӕр фарстатӕ уаид дӕттын, цӕмӕй-иу адӕймагӕн йӕ хъуыды базонай?

  • Адӕймагмӕ ахӕм фарстатӕ дӕтт, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуа. Цӕмӕй Петр раст хъуыдымӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй йӕм Чырысти радта, цалдӕр дзуаппы кӕмӕн уыд раттӕн, ахӕм фарстатӕ (Мф 17:24–26). Дӕуӕн та дӕ бон адӕймагмӕ цавӕр фарстатӕ уаид раттын, цӕмӕй раст хъуыдымӕ ӕрцӕуа?

  • Адӕймагӕй-иу раппӕл. Иухатт иу чиныджыдӕсны «ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп» куы радта, уӕд дзы Чырысти раппӕлыд (Мч 12:34). Адӕймаг дын дӕ фарстайӕн дзуапп куы ратта, уӕд дзы дӕ бон куыд у раппӕлын?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЧЫРЫСТИ ЦЫ КУЫСТ КОДТА, УЫЦЫ КУЫСТ КӔНУТ. ИННӔТЫ АХУЫР КӔНУТ» (1-АГ ХАЙ) ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Кӕд ӕфсымӕр, раст цы у, уый дзырдта, уӕддӕр фӕзминаг цӕуылнӕ у?

  • Цавӕрдӕр фарста бамбарын кӕнынӕй уӕлдай ма-иу цы хъуамӕ саразӕм?

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКЫ 2-АГ ХАЙМӔ ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ӕфсымӕр фарстатӕ дӕттынмӕ арӕхст?

  • Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ ма йӕ нӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын?

Иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз арӕхсыс? (Лк 24:32)