Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 18, 19

Цӕлхдур дын мацы уӕд ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цӕлхдур ма у

Цӕлхдур дын мацы уӕд ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цӕлхдур ма у

Чырысти цӕвиттонты фӕрцы бамбарын кодта, тынг тӕссаг кӕй у, нӕхицӕн исты цӕлхдур куы суа ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр искӕмӕн цӕлхдур куы суӕм, уымӕй.

18:6, 7

  • Дзырд «цӕлхдур» амоны, адӕймаг рӕдыд фӕндагыл кӕй тыххӕй ныллӕууы кӕнӕ тӕригъӕд кӕй тыххӕй ракӕны йе та йын къуылымпыйы хос чи свӕййы, ахӕм хъуыддагмӕ кӕнӕ уавӕрмӕ

  • Иннӕты чи рӕдийын кӕны, уымӕн хуыздӕр уаид, йӕ хъуырыл ын куыройыдур куы бакӕниккой ӕмӕ йӕ денджызы куы ныппариккой

Куыройыдуртӕ

18:8, 9

  • Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бамбарын кодта, суанг сӕ сӕ къух кӕнӕ сӕ цӕст куы рӕдийын кӕна, уӕд дӕр ӕй кӕй хъуамӕ ралыг кӕной ӕмӕ йӕ кӕй хъуамӕ аппарой

  • Адӕймагӕн хуыздӕр у, тынг зынаргъ ын цы у, уымӕй йӕхи куы фӕцух кӕна ӕмӕ Хуыцауы Паддзахадмӕ куы бацӕуа, цӕйнӕфӕлтау, зынаргъ ын цы у, уый бахъахъхъӕна ӕмӕ гееннӕмӕ бахауа (ома ӕнустӕм фесӕфа)

Цавӕр хъуыддӕгтӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ мын цӕлхдур суыдзысты ӕмӕ мӕ бон цы у саразын, цӕмӕй мын цӕлхдур мацы суа ӕмӕ иннӕтӕн дӕр цӕлхдур ма уон?