Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | МАТФЕЙЫ 12, 13

Фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй

Фӕсномыг ныхас мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй

Йесо мӕнӕу ӕмӕ хӕмпӕлгӕрдӕджы тыххӕй цы фӕсномыг ныхас радзырдта, уый фӕрцы бамбарын кодта, «мӕнӕу», ома сӕрст чырыстӕтты, иууылдӕр куыд ӕмӕ кӕд ӕрӕмбырд кӕндзӕн, уый («мӕнӕу тауыны» хъуыддаг райдыдта н. э. 33 азы).

13:24

«Йӕ хуымы хорз мыггаг чи байтыдта, ахӕм адӕймаг»

  • Тауӕг: Йесо Чырысти

  • Хорз мыггаг тыд ӕрцыд: Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст ӕрцыдысты

  • Хуым: ацы дуне

13:25

«Адӕм фынӕй куы кодтой, уӕд йе знаг... мӕнӕуы ’хсӕн хӕмпӕлгӕрдӕджы тауинӕгтӕ ныппырх кодта»

  • Знаг: Хӕйрӕг

  • Адӕм фынӕй куы кодтой: апостолтӕ амардысты

13:30

«Уадз ӕмӕ хуымгӕрдӕнтӕм иумӕ рӕзой»

  • Мӕнӕу: сӕрст чырыстӕттӕ

  • Хӕмпӕлгӕрдӕг: мӕнг чырыстӕттӕ

«Ӕрӕмбырд уал кӕнут хӕмпӕлгӕрдӕг... Уый фӕстӕ та мӕнӕу бафснайут»

  • Цагъартӕ​/хуымгӕрдджытӕ: зӕдтӕ

  • Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмбырд кӕнынц: мӕнг чырыстӕтты хицӕн кӕнынц сӕрст чырыстӕттӕй

  • Мӕнӕу хордоны ӕфснайд цӕуы: сӕрст чырыстӕттӕ ӕмбырдгонд цӕуынц, Йесо кӕй ссыгъдӕг кодта, уыцы ӕмбырдмӕ

Хуымгӕрдӕнтӕ куы райдыдтой, уӕд ӕцӕг чырыстӕттӕ мӕнг чырыстӕттӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

Ацы фӕсномыг ныхас кӕй ӕмбарын, уый мын цавӕр пайда хӕссы?