Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РОМӔГТӔМ 4–6

«Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы»

«Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый... ӕвдисы»

5:8, 18, 21

Йегъовӕ мах тыххӕй Чырыстийы кӕй радта, уый ӕнӕмӕнг уыд, цӕмӕй йӕ ном ссыгъдӕг уыдаид ӕмӕ рабӕрӕг уыдаид, уый бар ын кӕй ис, цӕмӕй Дун-дунейы хицау уа ӕмӕ уымӕй хуыздӕр хицау кӕй нӕй. Фӕлӕ ма уый фӕрцы махӕн дӕр фӕзынд фадат, цӕмӕй йе ’мбӕлттӕ уӕм ӕмӕ, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдон та се ’ппӕт дӕр ӕнустӕм амондджынӕй цӕрой.

Адӕймагӕн йӕ бон куыд у равдисын, Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй у?

  • Йегъовӕйӕн нывонддзырд куы ратта ӕмӕ донаргъуыд куы райса, уӕд равдисдзӕн, Чырыстийы нывондыл кӕй ӕууӕнды ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй «Йегъовӕйы уа»

  • Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар куы хъусын кӕна, уӕд равдисдзӕн, Йегъовӕйау алкӕйдӕр кӕй уарзы (Мф 22:39; Ин 3:16)

Хуыцау мах тыххӕй Чырыстийы кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй дӕн, уый ма мӕ бон куыд у равдисын?